филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:38 вторник, 16 декабря 2025
15 мая 2014, 11:14
Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц Ирон æвзаджы бон

Мадæлон æвзаджы кадæн республикæйы арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты Ирон филологийы факультеты бæрæгбон райдыдта цымыдисаг акцийæ.

Мадæлон æвзаджы кадæн республикæйы арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты Ирон филологийы факультеты бæрæгбон райдыдта цымыдисаг акцийæ.

Студенттæ, ахуыргæнджытæ, уазджытæ – факультетмæ бацæугæйæ алы адæймаг дæр хъуамæ радзура ирон æмдзæвгæ. Се ппæт дæр æрхъуыды кодтой сæ уарзондæр уацмыстæ, афтæмæй равдыстой, ирон æвзагæн стыр кад кæй кæнынц, уый. Хетæгкаты Къоста, Джыккайты Шамил, Хостыхъоты Зинæ, Чеджемты Æхсар… æнæрхъуыдыйæ ничи баззад ирон фысджытæй. Фæстæдæр та ма ирон филологийы факультеты арæзт æрцыд викторинæ. Сæ зонындзинæдтæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ æвдыстой канд студенттæ нæ, фæлæ ма ахуыргæнджытæ сæхæдæг дæр.

Дарддæр бæрæгбон ахæццæ ирон аргъуаны кæрты. Кадджын мадзалы архайдтой Республикæйы разамынды уæнгтæ, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ.

Челæхсаты Рустем, РЦИ-Аланийы хицауады сæрдар:  «Æнæ мадæлон æвзагæй нæй культурæ, нæй наци, нæй райсомы бон. Æмæ æз зæрдиаг арфæтæ зæгъын сымахæн, нæ фысджытæн, уыцы рæсугъддзинад, мадæлон æвзаг адæммæ кæй хæссут. Æмæ ма, æвæццæгæн, абон бузныг зæгъын хъæуы уыцы мадæлтæн æмæ фыдæлтæн, сæ кæстæртимæ сæхæдзæртты иронау чи дзуры».

Скъоладзаутæ бацæттæ кодтой поэтикон равдыст, дзырдтой æмдзæвгæтæ ирон æвзаджы тыххæй. Уый фæстæ та мадзалы архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой ирон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы ингæныл.

Къесаты Станислав, РЦИ-Аланийы парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг: «Ирыстоны адæм, ирон адæм кæй хонæм, уыдон хъуамæ æмбарой нæ иудзинад. Нæ кæрæдзийымæ ерыс хъуамæ ма кæнæм, фæлæ нæ кæрæдзийы куыд бамбарæм, æмæ уымæй хуыздæр ницы ис. Æмæ ацы бæрæгбоны мæ бон у афтæ зæгъын, уыцы ныхæстæ Къоста мæнæй раздæр загъта, иумæ размæ куыд цæуæм, нæ къухтæ нæ кæрæдзимæ ратгæйæ æмæ Ирыстоныл куыд хъуыды кæнæм, уымæй хуыздæр ницы ис».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania