филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:27 вторник, 16 декабря 2025
15 мая 2014, 19:23
Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц Ирон æвзаджы бон

Нысангонд æрцыд 11 азы размæ республикæйы уæды президент Дзасохты Алыксандры бардзырдмæ гæсгæ. 15-æм май æвзæрст æрцыд уымæн, æмæ 1899-æм азы мыхуыры рацыд Хетæгкаты

Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц Ирон æвзаджы бон
Нысангонд æрцыд 11 азы размæ республикæйы уæды президент Дзасохты Алыксандры бардзырдмæ гæсгæ. 15-æм май æвзæрст æрцыд уымæн, æмæ 1899-æм азы мыхуыры рацыд Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр».
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты ирон æвзаджы бон райдыдта цымыдисаг акцийæ. Студенттæ, ахуыргæнджытæ æмæ ма раст факультеты уазджытæ дæр дзырдтой сæ уарзон ирон æмдзæвгæтæ. Сæхæдæг куыд загътой, афтæмæй ахæм хуызы равдыстой, мадæлон æвзагæн стыр кад кæй кæнынц, уый. 2-æм курсы студент Гаглойты Алан радзырдта Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Æнæхай».
Фæстæдæр та ма ирон филологийы факультеты арæзт æрцыд викторинæ. Сæ зонындзинæдтæ ирон æвзаг æмæ литературæйæ æвдыстой канд студенттæ нæ, фæлæ ма ахуыргæнджытæ сæхæдæг дæр. Традицимæ гæсгæ бæрæгбон дарддæр ахæццæ Ирон аргъуаны кæрты. Кадджын мадзалы архайдтой Республикæйы разамынды уæнгтæ, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ.
Челæхсаты Рустем, РЦИ-Аланийы хицауады сæрдары хæдивæг: «Æнæ мадæлон æвзагæй нæй культурæ, нæй наци, нæй райсомы бон. Æмæ æз зæрдиаг арфæтæ зæгъын сымахæн, нæ фысджытæн, уыцы рæсугъддзинад, мадæлон æвзаг адæммæ кæй хæссут. Æмæ ма, æвæццæгæн, абон бузныг зæгъын хъæуы уыцы мадæлтæн æмæ фыдæлтæн, сæ кæстæртимæ сæхæдзæртты иронау чи дзуры».
13-æм скъолайы ахуырдзаутæ та бацæттæ кодтой поэтикон равдыст, дзырдтой æмдзæвгæтæ ирон æвзаджы тыххæй. Уый фæстæ мадзалы архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой ирон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы ингæныл.
Къесаты Станислав, РЦИ-Аланийы парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг: «Ирыстоны адæм, ирон адæм кæй хонæм, уыдон хъуамæ æмбарой нæ иудзинад. Нæ кæрæдзийымæ ерыс хъуамæ ма кæнæм, фæлæ нæ кæрæдзийы куыд бамбарæм, æмæ уымæй хуыздæр ницы ис. Æмæ ацы бæрæгбоны мæ бон у афтæ зæгъын, уыцы ныхæстæ Къоста мæнæй раздæр загъта, иумæ размæ куыд цæуæм, нæ къухтæ нæ кæрæдзимæ ратгæйæ æмæ Ирыстоныл куыд хъуыды кæнæм, уымæй хуыздæр ницы ис».
Хетæгкаты Къостайæн кад кодтой театралон фæзы дæр. Ардæм бæрæгбон арвитынмæ арбацыд бирæ адæм. Горæты цæрджытæ сæ хæсыл банымадтой равдисын, кæй хъуыды кæнынц, фыццаг ирон поэт цы рухстауæн куыст кодта, уый. Йæ цыртдзæвæны цур сæвæрдтой дидинджытæ. Æхсæнадмæ арфæйы ныхæстимæ фæсидт Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар Ходы Камал.
Республикæйы цæрджытæ ацы бон бæрæгбоныл кæй нымайынц, уымæн æвдисæн уыд, сæйраг парчы цы хъæлдзæг мадзæлттæ арæзт æрцыд, уыдон дæр. Стырæй-чысылæй, се ппæтæн дæр уыд фадат мадæлон æвзагмæ сæ уарзондзинад раргом кæнын.
Абон æнæ рхъуыдыйæ нæ баззадысты, ирон æвзаджы райрæзтмæ стыр æвæрæн чи хæссы, уыдон дæр. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны арæзт æрцыд бæрæгбоны концерт. Йæ архайджытæн раарфæ кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан.
Ам кадджын уавæры схорзæхджын кодтой Абайты Васойы номыл стипендиатты. Уыдон сты паддзахадон университеты æмæ педагогон институты студенттæ æмæ магистранттæ. Сбæрæг сты ирон æвзаджы республикон æркасты уæлахиздзаутæ дæр. Фыццаг бынат райста 5-æм гимназы ахуыргæнæг Уæлыгæсты Фатимæ.
Уæлыгæсты Фатимæ: «Мæнмæ гæсгæ абон ацы сценæмæ чи схызти, уыдонæй алчидæр уыдис фыццаг бынаты аккаг. Фæнды мæ зæгъын стыр бузныг жюрийы уæнгтæн, ацы æркастæн ахæм стыр фæндаг чи скодта, уыдонæн се `ппæтæн дæр стыр бузныг».
Ирон æвзаджы бон республикæйы сбæрæг кодтой 11-æм хатт. Нысангонд æрцыд Цæгат Ирыстоны президент Дзасохты Алыксандры бардзырдмæ гæсгæ. Уæдæй нырмæ ацы бон уарзон сси канд Ирыстоны цæрæг адæмæн нæ, фæлæ æппæт дунейы ирæттæн дæр.
Гугкаты Иринæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania