филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:26 вторник, 16 декабря 2025
16 мая 2014, 11:09
Фыййагдоны пульмонологон рынчындонæн Цæгат Кавказы æмбал нæй

Санкт-Петербурджы центры фæстæ нымад у хуыздæрыл. Алы аз дæр дзы йе `нæниздзинад фæфидардæр кæны 3000 адæймагæй фылдæр. Дохтыртæ агурынц ног мадзæлттæ, æлхæнынц ног

Фыййагдоны пульмонологон рынчындонæн Цæгат Кавказы æмбал нæй
Санкт-Петербурджы центры фæстæ нымад у хуыздæрыл. Алы аз дæр дзы йе `нæниздзинад фæфидардæр кæны 3000 адæймагæй фылдæр. Дохтыртæ агурынц ног мадзæлттæ, æлхæнынц ног техникæ – иу ныхасæй, алцыдæр аразынц рынчынты сдзæбæх кæнынæн.
Уæрæсейы Хуссар зылды пульмонологон рынчындон ис æрмæстдæр Уæллаг Фыййагдоны. Сæхи дзæбæх кæнынмæ йæм цæуынц алы бæстæтæй. Алы аз дæр дзы се нæниздзинад фæфидардæр кæнынц 3 000 адæймаджы онг. Сæ фылдæр тыхсынц улæфæнты æмæ рæуджыты низтæй.
Рынчындоныл 40 азæй фылдæр цæуы. Санкт-Петербурджы центры фæстæ нымад уыд хуыздæрыл. Рынчындоны пульмонологтæ, аллергологтæ æмæ иммунологтæ сæ куысты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнынæн æдзухдæр архайынц алыхуызон дунеон семинарты, конференциты. Зонгæ кæнынц иннæты фæлтæрддзинадимæ, агурынц ног дзæбæхгæнæн методикæтæ.
Фыййагдоны рынчындоны сæргълæууæг Хæмæтаты Батырбеджы хъæппæрисæй рынчындоны пайда кæнын райдыдтой ног методæй – оротерапийæ, ома, сыгъдæг уæлдæфæй дзæбæх кæнын. Уæвгæ, цыфæнды пульмонолог дæр зæгъдзæн, сыгъдæг хæххон уæлдæф астмæ æмæ бронхитæн у æвдадзы хос.
Уымæ гæсгæ рынчындон пациенттæй цух никуы вæййы. Ис сæм 120 бынаты, фæлæ уæддæр се ппæты фаг нæ кæнынц. Фæлæ дохтырты тыхсын кæны, æнæниздзинадхъахъхъæнынады реформæ сыл хуыздæрырдæм кæй нæ фæзындзæн, уымæй. Фæстаг цалдæр азы арæх хъуысы ныхас, рынчындон æхгæнынмæ хъавынц, зæгъгæ.
Цæгат Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Владимир Селиванов куыд æмбарын кæны, афтæмæй рынчындон сæхгæныны хъуыды дæр никæмæ ис. У хорз дзæбæхгæнæдон. Фæлæ медицинæйы цæуы оптимизаци. Уымæ гæсгæ гæнæн ис, æмæ рынчындоны æрцæудзысты цавæрдæр ивддзинæдтæ.
Уæдмæ та Фыййагдоны пульмонологон рынчындоны дохтыртæ архайынц сæ куыст фæхуыздæр кæныныл. Фæлварынц ног технологитæ æмæ методикæтæ, алхæнынц ног кусæнгæрзтæ. Не сфæлдыстадон къордæн дæр равдыстой, ацы бонты кæй растой, уыцы ног видеобронхоскоп æмæ УЗИ кæнæн аппаратурæ. Алцыдæр адæмы æнæниздзинадæн æмæ пайдайæн.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania