Поэзи æмæ прозæ ирон æвзагыл. Цæгат Ирыстоны рагондæр мыхуыры фæрæз – журнал «Мах Дуг» бæрæг кæны йе стай азы юбилей. Журналы кусджыты сæйрагдæр нысан у ирон æвзаг
Цардимæ æмдзу кæнын у журнал «Мах дуджы» сæйраг нысантæй иу, æмæ йæ æнтыстджынæй æххæст кæны 80 азы. Ирон æвзаг бахъахъхъæнынмæ стыр æвæрæн цы журнал хæссы, уый кадджын уавæры сбæрæг кодта йæ юбилей. Республикæйы разамынд æмæ сфæлдыстадон интелегенци раарфæ кодтой журналы куысджытæн. Лæвæрттæй фæстæмæ ма журнал хорзæггонд æрцыд кады гæххæттæй.
Сæлбиты Валерий, РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæдивæг: «Зæрдæйы арфæтæ журнал «Мах дуджы» къордæн кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Йæ номæй редакцийы къордæн -100 мин сомы. Республикæйы культурæйы министр Хæбæлаты Фатимæйы уынаффæмæ гæсгæ «Мах дуджы» редакции юбилейы фæдылкады гæххæт».
Бæрæгбоны кадджын мадзал ацыд фæсивæдон библиотекæйы. Ардæм æрбацыдысты журнал «Мах дуджы» кусджытæ, сæ хæлæрттæ, сфæлдыстадон интелегенци. Адæмæн уарзон поэттæ, фысджытæ дзырдтой журналы ахадындзинадыл. Фæсивæд та кастысты æмдзæвгæтæ.
Журнал 80 азы айдæнау æвдисы адæмы цард. Йæ æвæрæн хæссы ирон æвзаг бахъахъхъæнынмæ. Фæлæ ныртæккæ йæхæдæг у фæкæсинаг.
Мзокты Аслæнбег, Нузалы цæрæг: «Ахъуыды майыл кæну цал æмæ цал фыссæджы æрцыди мыхуыр гонд 1934-æм азæй нырмæ. Æз афтид ацы журналы кæсæг нæ дæн, фæлæ ма дæн йæ автортæй иу. Æмæ куы ссæуын «Мах дуг»-ы редакцимæ æмæ йæ куысджытимæ куы аныхас кæнын, уæд бамбарын куыд уæззау уаргъ сæвæрдтой уыдон сæхиуыл».
Азæй азмæ журналы тираж къаддæргæнгæ цæуы. Абон æй уадзынц 1100 экземпляры. Фарон та уыд 200 фылдæр. Уый нæ хынцгæйæ, ирон аив ныхас парахат кæныныл архайдзысты дарддæр, зæгъынц редакцийы.
Мамыкъаты Хъазыбег, журнал «Мах дуджы» поэзи, æмæ драматургийы редактор: «Нæ журнал цæры. Мæй иу хатт рацæуы алы номыр дæр. Мах архайæм, нæ поэтты æмæ фысджыты сфæлдыстад парахат кæныныл. Хорз уаид æрыгон фæлтæр дæр се ргом куы раздахиккой, уæд. Ис нæм æрыгæттæ, фæлæ гыццыл. Агуырын æмæ сыл аудын хъæуы. Мах сæ агурæм».
Юбилейы фæдыл журналæн цы бирæ арфæтæ ракодтой, уыдонæй журналы кусджытæн сæ зæрдæ зæгъы, цæмæй рæстæджы цыдимæ сæ журналы кæсджыты нымæц фылдæрæй фылдæр кæна.
Моргуаты Ладæ




