филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:43 вторник, 16 декабря 2025
04 июня 2014, 17:25
Дзæуджыхъæуы райдыдта Æвзонг футболистты республикон турнир «Сæрак пурти»-йы кæронбæттæн къæпхæн

Æвзонг футболистты республикон турнир «Сæрак пурти»-йы кæронбæттæн къæпхæн абон райдыдта Дзæуджыхъæуы. Стадион «Æвзонгдзинады» футболон фæзмæ рацæудзæн 36 командæйы.

Дзæуджыхъæуы райдыдта Æвзонг футболистты республикон турнир «Сæрак пурти»-йы кæронбæттæн къæпхæн
Æвзонг футболистты республикон турнир «Сæрак пурти»-йы кæронбæттæн къæпхæн абон райдыдта Дзæуджыхъæуы. Стадион «Æвзонгдзинады» футболон фæзмæ рацæудзæн 36 командæйы. Сты 3 къорды, кæстæр кары, астæуккаг æмæ хистæрты къорд.

1964-æм азы зындгонд дуаргæс Лев Яшин куы расидт æвзонг лæппуты æхсæн футболæй ерыстæ аразын, уæд чи зоны æмæ æнхъæл дæр нæ уыд 50 азы фæстæ йæ хъæппæрисæн ахæм кад уыдзæн уый.

«Сæрак пурти»-йы 50-æм чемпионат æрмæст нæ республикæйы æрæмбырд кодта 7 мин сывæллонмæ хæстæг. Ныр сæ тыхджындæр командæтæ рацыдысты кæронбæттæн финалмæ. Стадион «Æвзонгдзинады» ерыс кæнынц 36 командæйы.

Хъараты Сослан, Алагиры æвзонг футболон командæйы дуаргæс: «Махæн нæ командæ хуыйны «Спартак-Алагир», уым рамбылдтам турнир æмæ ардæм рацыдыстæм горæтмæ «Сæрак пурти»-мæ. Хъавæм, цæмæй ам дæр рамбулæм æмæ ацæуæм денджызмæ».

Дзасохты Руслан, Алагиры районы фæсивæдон комитеты сæргълæууæг: «Алагирæй сластам 2 командæйы, кæцытæ районы фæуæлахиз сты. Районы дæр нæм уыдысты ацы ерыстæ 19 командæйы дзы хъазыдысты æмæ зæгъын хъæуы ацы ерыстæ фæсивæдæн сты куыд бæрæгбон афтæ. Цы районы, республикæйы дæр афтæ сты. Мæхæдæг дæр дзы бирæ фæхъазыдтæн. Ацы ерысты фæрцы базонгæ стæм лæппутимæ иннæ районтимæ дæр. Тынг хорз хъуыддаг у. Абон цы лæппуты сластам, уыдон фыццаг хъæзтытæ кæндзысты æмæ нæ ныфс дарæм кæй фæуæлахиз уыдзысты, ууыл».

Финалон ерысты архайджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады минæвæрттæ, парламенты уæнгтæ.

Дзукъаты Олег, Фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады хайады сæргълæууæг: «Хицæн кæны, уымæй æмæ райдыдта 50 азы размæ æмæ юбилейон турнир у. Ацы турнирæй сæ фыццаг фæлварæнтæ райдыдтой бирæ зындгонд футболисттæ нæ республикæйы. Нæ зæрдæ дарæм, цы фæсивæд дзы сæ тыхтæ æвзарынц, уыдонæй исчи стыр футболмæ йæ къах авæрдзæн æмæ нæ республикæ уæлахиз кæндзæн».

Алы азты «Сæрак пурти»-йы хъомылгæнинæгтæ уыдысты Черчесты Станислав, Александр Стельмах, Гогниаты Спартак, Гæбулты Владимир æмæ Георги, Дзæгъойты Алан æмæ бирæ æндæртæ.

Беджызаты Эдуард, Турнир «Сæрак пурти»-йы тæрхонгæнæг: «Хъазы тынг хорз фæсивæд. Бирæтæ рагацау сæхи бацæттæ кæнынц ацы турнирмæ æмæ азæй азмæ хуыздæрæй хуыздæр хъазынц, æмæ уый нæ зæрдæмæ тынг цæуы».

Юбилейон 50 чемпионат хицæн кæны уымæй дæр æмæ дзы ацы аз фыццаг хатт, лæппуты къордимæ хъазынц чызджытæ дæр. Æгъуызарты Мæдинæ, Тогъуызаты Аннæ æмæ Олисаты Аланæ сты «Дигора»-йы командæйы кæстæр къорды уæнгтæ. Уый размæ хъазыдысты Дигорайы чызджыты командæйы, хаст æрцыдысты Хуссар Федералон иугонд командæмæ æмæ систы Уæрæсейы уæлахиздзаутæ. Ныр та фыццаг хатт хъазынц лæппуты къорды.
 
Олисаты Аланæ: «10 азы ныл куы цыд, уæд бацыдыстæм футболмæ æмæ нæ зæрдæмæ фæцыд. Хъазын байдыдтам. Уæд нæ аластой ерыстæм æмæ рамбылдтам фыццаг хатт. 3 азæй фылдæр цæуæм футболмæ».

Туайты Гасай, Футболон командæ «Дигора»-йы тренер: «Рагæй мæ фæндыд, цæмæй чызджытæ хъазой футболæй. Тынг рæсугъд хъазынц, хорз сын уайы, арæхсынц. Хуссар Федералон зылды дæр хъазыдысты æмæ Уæрæсейы бацахстой фыццаг бынат».

Турнир фæуыдзæн 18 июны. «Сæрак пурти»-йы турниры республикон къæпхæны уæлахиздзаутæ Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты Цæгат Кавказы ерысты.

Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania