филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:31 воскресенье, 14 декабря 2025
05 июня 2014, 11:16
Ацы бонты Дзæуджыхъæуы стадион «Æвзонгдзинад»-ы цæуынц республикон турнир «Сæрак пуртийы» кæронбæттæн хъæзтытæ

Сæ тыхтæ уал æвзарынц кæстæр æмæ астæуккаг къорды командæтæ. Студийæ Чемпионаты архайджытæн арфæ кæнынмæ æрбацыдысты фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты

Сæ тыхтæ уал æвзарынц кæстæр æмæ астæуккаг къорды командæтæ. Студийæ Чемпионаты архайджытæн арфæ кæнынмæ æрбацыдысты фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады минæвæрттæ, парламенты депутаттæ. Ацы аз турнир «Сæрак Пурти»-йыл æххæст кæны 50 азы. Уыцы рæстæгмæ йæ архайджытæй бирæтæ систы зындгонд футболисттæ. Æрдæгхъахъхъæнæг Дзæгъойты Алан дæр уыд «Сæрак пурти»-йы активондæр архайджытæй иу. Тæрхонгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ ныр дæр бирæ лæппуты хъазтæй зæрдæ райы. Иу цымыдисаг цау ма æрцыд турниры. Дигорайы командæйы, лæппуты æмрæнхъ, хъазынц чызджытæ дæр. Ахæм бар лæвæрд цæуы ног уагæвæрдмæ гæсгæ, нæ республикæйы у фыццаг цау. Сæ тренер Туайты Гасай куыд зæгъы, афтæмæй чызджытæй йæ ныфс хæссы. Фарон 3-йæ дæр хъазыдысты Хуссар федералон зылды иумæйаг командæйы æмæ Уæрæсейы систы уæлахиздзаутæ. Чызджытæ зæрдæ æвæрынц ацы турниры дæр кæй бацархайдзысты рамбулыныл. Знон уал 13:0 хыгъдæй фæуæлахиз

Олисаты Аланæ: «10 азы ныл куы цыд, уæд бацыдыстæм футболмæ æмæ нæ зæрдæмæ фæцыд. Хъазын байдыдтам. Уæд нæ аластой ерыстæм æмæ рамбылдтам фыццаг хатт. 3 азæй фылдæр цæуæм футболмæ».

Туайты Гасай, Футболон командæ «Дигора»-йы тренер: «Рагæй мæ фæндыд, цæмæй чызджытæ хъазой футболæй. Тынг рæсугъд хъазынц, хорз сын уайы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania