филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:37 понедельник, 15 декабря 2025
23 июня 2014, 11:15
Пысылмон литературæ зоныны хъуыддаг сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæу мæзджыты

Уырнæг адæм дзуаппытæ лæвæрдтой сæрмагонд чиныг «Радость сердец благочестивых»-мæ гæсгæ арæзт фарстатæн. Фæлварæн амыдта Дзæуджыхъæуы мæзджыты имам Расул Гамзатов.

73122
Уырнæг адæм дзуаппытæ лæвæрдтой сæрмагонд чиныг «Радость сердец благочестивых»-мæ гæсгæ арæзт фарстатæн. Фæлварæн амыдта Дзæуджыхъæуы мæзджыты имам Расул Гамзатов. Архайдтой дзы 30 адæймаджы бæрц – нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Се ппæт дæр ацыдысты ахуыртæ мæзджыты. Фæлварæны сæ хъæуы 100 баллы райсын. Цæгат Ирыстоны муфтий Гуæцæлты Хадзымурат куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæрстытæ тынг зын не сты, фæлæ сын ис стыр ахадындзинад.

Борæдзаты Сослан, Беслæныхъæуы мæзджыты имам: «Зонындзинæдтæ сты æгъдау, æгъдау Хуыцауимæ æгъдау адæмимæ, æмæ чи рамбула абоны конкурсы, Хуыцауы фæндæй, уый Хадзмæ ацæудзæн. Уымæй стырдæр, уымæй кадджынæдæр хъуыддагпысылмон дины нæй. Разæд иу адæм, Хадзмæ чи ацыд, уымæн стыр кад кодтой. Стыр хъуыддаг у уый, Мæхæмæт-пехуымпар, уый афтæ загъта, æмæ æцæг хадз чи скна, уымæн Хыцау йе ппæт тæригъæддзинæдтæ дæр хатыр кæны».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania