Архайдтой дзы Цæгат Кавказы æппæт республикæты минæвæрттæ дæр. Ныхас цыди доны объекты сыгъдæгдзинадыл. Бæлвырддæр та Камбилеевкæйы уавæрыл. Советы архайджытæ ма
Цæугæдон, Сабачья балка кæй хонынц, уый дæргъ у 12 километры. Ацы ран дзы лаборанттæ исынц дон, анализтæ кæнынæн, зæгъы республикæйы æрдзон ресурсты æмæ æрдз хъахъхъæныны министрады специалист-эксперт Миндзайты Алан. Дон цæуы Дзæуджыхъæуы кæрæтты. Фыццаджыдæр æй чъизи кæнынц алыхуызон куыстуæттæ, стæй хицæн адæмтæ дæр. Калынц æм сæ хауæддзæгтæ, нæ сæ сыгъдæг кæнынц, афтæмæй. Закъон халынц, стæй уыимæ стыр зиан хæссынц æрдзæн.
Миндзайты Алан, РЦИ-Аланийы æрдзон ресурсты æмæ æрдз хъахъхъæныны министрады специалист-эксперт: «Бирæ чъизидзинæдтæ ардæм цæуынц, Электроцинкæй райдай æмæ спъирт чи кæны, уыцы куыстуæттæй фæуы. Уæдæ адæмæй дæр, бойнæтæй дæр, æмæ чъизи у, мах лаборатории дæр анализтæ кæны æмæ сæ сбæрæг кæнынц. Ацы хъуыддаг мах зонæм, æмæ дарддæр чи йæм кæсы, уыцы оргæнтæм нæ хатдзæгтæ радтам, республикæйы прокуратурæимæ иумæ».
Министрады лабораторимæ дон куы æрбахауы, уæд ам фыццадджыдæр фæбæрæг кæнынц, туаггуыр дзы цас ис, уый. 5 боны дæргъы конд æрцæуынц анализтæ. Æмæ доны туаггуыры бæрц куы фæкъаддæр вæййы, уæд уый ууыл дзурæг у, æмæ дзы кæй ис органикон хауæддзæгтæ, ома стыр зиан цæугæдонæн чи хæссы, ахæмтæ. Собачья балка, Дачныйы поселочы цур баиу вæййы Камбилеевкæимæ. Æмæ нымад у, æппæтæй тынгдæр æй цы дон чъизи кæны, ууыл. Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ 2012-æм æмæ 2013-æм азы Камбилеевкæ чысыл фæсыгъдæгдæр ис. Уый тыххæй фехъусын кодтой Ныгуылæн-Хъаспиаг бассейнты зылды советы æмбырды архаджытæ – Цæгат Кавказы æппæт республикæты минæвæрттæ дæр. Раздæр йæ чъизидзинады бæрæггæнæн уыд 6, ныр та у 4. Æмæ кæд уавæр зынгæ нæ аивта, уæддæр хъуыддаг хорзырдæм кæй цæуы, уый зыны.
Битарты Вячеслав, Æрдз хъахъхъæныны æппæтуæрæсеон æхсæнады цæгатирыстойнаг хайады сæрдар: «Мæхъæлы оргæнтæ дæр, Кæсæджы оргæнтæ дæр, загътой, махæй сæм цы дæттæ цæуы, уыдонæн сæ сыгъдæгдзинад фæхуыздæр ис. Мæнæ Мæхъæлæй цы минæвар уыд, уый загъта Камбилеевкæйы тыххæй æмæ йын дзуапп радтой сæхи экологийы министрады кусæг дæр, абоны æмбырды сæрдар дæр, уавæр кæй фæхуыздæр ис, уый. Бирæ хатт ын кодтой анализтæ æмæ уыдон сæхи хуыздæр æвдисынц».
Ныгуылæн-Хъаспиаг бассейнты зылды советы æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой, доныивылдтытæй цæугæдæттæ бахъахъхъæнынæн цы куыст кæнын хъæуы, ууыл дæр. Республикæйы æрдзон ресурсты æмæ æрдзхъахъхъæны министр Милдзыхты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ цæуынц Суадагдоныл. Хæстæгдæр рæстæг та райдайдзысты кусын Алагиры, Æрыдоны цæугæдоны былгæрæттыл.
Гугкаты Иринæ




