25 июня 2014, 17:17
Цæхæрадæтты æнæкоммерцион иугонд «Спутничы» уæнгты нæ фæнды Дзæуджыхъæуы администрацийæн сæ зæххы хæйттæ дæттын
Æдæппæтæй Владивостокагæй Мæскуыйаг уынджы онг зæххытæ ис 1500 адæймагæн. Сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, стæй хъазуатонæй чи фæллой кодта республикæйы куыстуæтты, уыдон. Адæм куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй сæ бартæ бахъахъхъæдтой тæрхондоны дæр, фæлæ сын нырма сæ зæххытæ приватизаци скæнын нæма бантыст.
Цæхæрадæтты æнæкоммерцион иугонд «Спутничы» уæнгты нæ фæнды Дзæуджыхъæуы администрацийæн сæ зæххы хæйттæ дæттын. Æдæппæтæй Владивостокагæй Мæскуыйаг уынджы онг зæххытæ ис 1500 адæймагæн. Сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, стæй хъазуатонæй чи фæллой кодта республикæйы куыстуæтты, уыдон. Адæм куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй сæ бартæ бахъахъхъæдтой тæрхондоны дæр, фæлæ сын нырма сæ зæххытæ приватизаци скæнын нæма бантыст.
Джыбылаты Аслæнбегæн цæхæрадæтты æнæкоммерцион иугонд «Спутнич»-ы уыд зæххы хай – 400 квадратон метры. Бакуыста-иу æй, уыд ын дзы бæлæстæ дæр. Ныр уыцы цæхæрадонæй ницыуал баззад. Сæ зæххытыл сын чи цы аразы æмæ цавæр закъонмæ гæсгæ, уый адæм не мбарынц.
Джыбылаты Аслæнбег, цæхæрадæтты æнæкоммерцион иугонд «Спутник»-ы уæнг: «Рацарæзт куы райдыдта, уæд уыцы рæстæг приватизацимæ балæвæрдтам, нæхимæ ма мæм квитнаци ис, гæххæттытæ уыдысты Шаталовмæ, æмæ загътой, райсом-абон ратдзысты приватизацийæн гæххæттытæ, фæлæ уый фæстьæ афтæ зæгъынц, нæй дам, нæ уадзынц, горæт дам дзы аразынц».
Цæхæрадæтты æнæнкоммерцион иугонды фæзуат уыд 120 гектары. Ныридæгæй йæ кæцыдæр хайы арæзт æрцыд алыхуызон объекттæ. Зæхх ма дзы кæмæн баззад, уыцы адæм тыхсынц, сæ уавæр куыд уыдзæн, уымæй.
Хъодзаты Зойæ, цæхæрадæтты æнæнкоммерцион иугонд «Спутник»-ы сæрдар: «Тæрхондонмæ балæвæрдтам, æмæ нын ис 40 тæрхонæй фылдæ, администрации нæ ныхмæ цы цæуы, æндæр нын æхххуыс нæ кæны. Радтæд нын зæххытæ горæты, стæй нын нæ фæллой бафидæд. Уыцы курдиат нæм ис, кæд нын лæвра приватизаци нæ дæттынц, уæд нын уыцы дыууæ хъуыддджы бакæнæд – зæххытæ нын радтæд, стæй нын нæ фæллой бафидæд».
Адæм сæ хъаст бахастой Ленины районы тæрхондонмæ, уæдæ сын сæ фарста равзæрста Уæлдæр тæрхондон дæр. Цы уынаффæтæ хаст æрцыд, уыдонмæ гæсгæ сын бар ис лæвар приватизаци скæнынæн. Фæлæ ныр 6 мæйы дæргъы сæ бон уыцы хъуыддаг бакæнæн нæу.
Куыд рабæрæг, афтæмæй сын сæ зæххытыл райдыдтой микрорайон «Ног горæт» аразын.
Дзæуджыхъæуы администрацийы æмбарын кæныц, цæхæрадæтты æнæкоммерцион иугонд «Спутничы» зæххытæ дæр хауынц горæты генералон пъланы объекттæм, зæгъгæ. Фæзуат дихгонд æрцæудзæн цалдæр хайыл.
Бирæвæрсыг микрорайоны уыдзæн цæрæн комплекс, социалон инфраструктурæ – 4 рæвдауæндоны, административон бæстыхай, парк, хъазæн фæзтæ, футболон фæз, стæй бассейн. Æппæт уыдæттæ æрбынат кæндзысты адæмы цæхæрадæтты бынæтты.
Хъараты Аслан, Дзæуджыхъæуы сæйраг архитектор: «Ныртæккæ хъуыддаг ис тæрхондоны. Алцыдæр конд уыдзæни тæрхондон цы уынаффæ рахæсса, уымæ гæсгæ. Алкæмæн дæр сæ ратдзысты компенсаци. Райсом цы уыдзæн, ууыл нæ бон дзурын нæма у. Тæрхондоны хатдзæгтæм уал æнхъæлмæ кæсæм. Адæмæн сæ зæххы хæйттæ æнæзакъонæй ничи райсдзæн. Махæн нæ размæ уыцы хæс æвæрд нæй».
Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты райрæзты 1-аг генералон пълан арæзт æрцыди ивгъуыд æнусы 65-æм азы. Уæд дæр ныхас цыди цæхæрадæтты æнæкоммерцион иугонд «Спутничы» зæххытыл. Пъланыл бындуронæй бакуыстой 2011-æм азы. Æмæ йæ ныр царды уадзынц. Зæххы хæйтты хицæуттæ уыцы хъуыддагимæ разы сты. Рæстæджы цыдимæ горæт дæр кæны стырдæр. Фæлæ цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын хъыг у, арæх хуымæтæг адæймаджы бартæ иу генералон пъланы дæр бæрæггонд кæй не рцæуынц, уый.
темæмæ гæсгæ




