филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:57 воскресенье, 14 декабря 2025
26 июня 2014, 16:56
Абон уыд Парламенты 23-м æмбырд

Амыдта йæ Алексей Мачнев. Депутаты мандат лæвæрд æрцыд фракци «Уæрæсейы патриотты» уæнг Бæззаты Виталийæн, фракцийы иннæ уæнг Цогойты Феликсæн, йæхи фæндонмæ гæсгæ, йæ бартæ урæд кæй æрцыдысты, уый тыххæй.

73088
Абон уыд Парламенты 23-м æмбырд. Амыдта йæ Алексей Мачнев. Депутаты мандат лæвæрд æрцыд фракци «Уæрæсейы патриотты» уæнг Бæззаты Виталийæн, фракцийы иннæ уæнг Цогойты Феликсæн, йæхи фæндонмæ гæсгæ, йæ бартæ урæд кæй æрцыдысты, уый тыххæй. 
Парламент сразы Уæрæсейы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Уыдонмæ гæсгæ Паддзахады Президентæн бар уыдзæн снысан кæнын Федерацийы Советы уæнгтæн сæ 10%. Æрдзырдтой, ивгъуыд азы бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, ууыл. Финансты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æфтиæгты хайæн сæххæст кодтой йæ 99%, хæрдзты хайæн та – 91%. Дефицит рауад 1миллиард сомæй фылдæр. Цы хъалонтæ нысан кодтой, уыдонæй сæмбырд кодтой 103%. Ахсджиаг паддзахадон хæстæ æххæстгонд æрцыдысты. Депутаттæ фæнысан кодтой бакусинаг фарстатæ. Каст цыд, 2015 азы нæ республикæйы фæцæрынæн пенсиисæгæн æппын къаддæр цас бахъæудзæн, уыцы бæрцмæ, уыдзæн 6351 сом. Уый хъæуы, цæмæй паддзахад банымайа пенсимæ уæлæмхасæн социалон фиддонты бæрц. Бæстон ныхас уыд, æххæстæй арæзт чи нæ фæци, уыцы объектты уавæрыл. Сты 197. Конд æрцыд сæрмагонд программæ, цæмæй ацы нымæц фæкъаддæр уа. 
Калоты Виталий, РЦИ-Аланийы арæзтады, энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг: «Объекттæй бирæтæй ныридæгæн пайда кæнынц цалдæргай азты, фæлæ, закъонмæ гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ лæвæрд не ‘рцыдысты. Фыццаджыдæр, Арæзтадон æмæ Зæххы кодекстæм ивддзинæдтæ кæй бахастой, уый аххосæй. Уыдон домынц уæлæмхасæн хæрдзтæ. Æмæ программæйы уыцы æхца æвæрд сты. Уый фæрцы 200 объектæй æрдæгмæ арæзтæй баззайдзæн æрмæстдæр 24».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania