филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:58 воскресенье, 14 декабря 2025
26 июня 2014, 17:04
Цæгат Ирыстоны уыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон ерыстæ

Цæгат Кавказы зылды республикæтæй æмæ Башкортонстанæй дзы архайдтой 16 командæйы.

Цы хæслæвæрдтæ хъуамæ сæххæст кодтаиккой, уыдонæй сæйрагдæр уыд хæххон цæугæдоныл цæуын, къæдзæхтыл сгарæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ æмбæлгæ хуызы скæнын, бæлвырд рæстæгмæ хъыгдард баййæфæг адæймаджы хохæй дæлæмæ рхæссын.

73039
Цæгат Ирыстоны уыдысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон ерыстæ. Цæгат Кавказы зылды республикæтæй æмæ Башкортонстанæй дзы архайдтой 16 командæйы. 
Цы хæслæвæрдтæ хъуамæ сæххæст кодтаиккой, уыдонæй сæйрагдæр уыд хæххон цæугæдоныл цæуын, къæдзæхтыл сгарæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ æмбæлгæ хуызы скæнын, бæлвырд рæстæгмæ хъыгдард баййæфæг адæймаджы хохæй дæлæмæ рхæссын. Ирвæзынгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын ахæм ахуыртæ ахъаз сты. Уымæн æмæ сæ арæх æрмæст хæхты архайын нæ бахъæуы, фæлæ ма бæрзонд бирæуаладзыгон бæстыхæйтты дæр. Ацы аз ма ерысгæнджытæ хъуамæ равдыстаиккой доны бын ленк кæнынæй, ихы сæрæй æмæ катамаранæй адæймаджы фервæзын кæнын. Ерысты фыццаг хатт архайы Цæгат Кавказы федералон университеты студентты ирвæзынгæнæн-сгарæн къорд. 
Се ппæты арæхстдзинадæн аргъ кодта жюри. Иумæйаг бæрæггæнтæм гæсгæ 3-аг бынат бацахста Хъæрæсе-Черкесийы командæ, 2-аг бынат радтой Стъараполы ирвæзынгæнджытæн. Æппæтæй хуыздæр та уыд Дагестаны къорд. Радтой сын æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон центры цæугæ Кубок. Радон ерыстæ иннæ аз уыдзысты Махачкалайы.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania