Æрвылбондæр Тæмисчъы санаторимæ адæм цæуынц гуманитарон æххуысимæ. Уазджытæ цух ницæмæй æййафынц, фæлæ дзы уæддæр бирæты фæнды сæ райгуырæн бæстæмæ аздæхын.
Украинæйæ лыгъд сывæллæттæ архайынц сабиты нывты импровизацигонд конкурсы. 5 аздзыд Мишæ ныв кæны йæ райгуырæн бæстæ. Райдайы йын дыргъдонæй.
Тæмисчъы санаторийы ис Украинæйæ чи ссыд, ахæм 95 адæймаджы. Гуманитарон æххуыс сын æрбаластой Уæрæсейы Сывæллæтты Фонды республикон хайады кусджытæ. Хъазæнтæ, ныв кæнынæн кусæнгæрзтæ æмæ æндæр ирхæфсæн фæрæзтæ.
Сывæллæттæ хъæлдзæг кæй сты, уый æхсызгон у ныййарджытæн дæр. Хæстон цаутæй фервæзын кодтой æппæтæй зынаргъдæрты. Украинæйы ма сын ис хиуæттæ. Сæ цард ис тæссаг уавæры.
Сæ райгуырæн бæстæйы цы цаутæ цæуы, уыдонмæ сæ цæст дарынц телеуынынад æмæ интернеты уылты. Кæд сæ бакаст сабыр у, уæддæр æппынæдзух сæ зæрдæ `хсайы, сæхимæ. Бирæтæн дзы хъæуы психологон æххуыс.
Украинæйæ лыгъд адæмæн æххуыс кæнын æмæ сыл аудын у иумæйаг хæс, зæгъынц, фæкæсынхъуаг адæмæн чи баххуыс кодта, уыдон. Михайловскæйы пенсиисджытæ сæхæдæг æрæмбырд кодтой гуманитарон æххуыс, æмæ йæ сæхæдæг аластой Тæмискъмæ.
Хуыбылты Зинæидæ: «Мах нæхæдæг æрæмбырд кодтам æххуыс. Балхæдтам дыргътæ æмæ халсартæ. Æмæ æрбацыдыстæм,ардæм. Иу 6 адæймагæй».
Ирыстоны цæрджытæ сæхæдæг трагикон цауты иу æмæ дыууæ хатты нæ бахаудысты. Уымæ гæсгæ сын хорз æмбарынц сæ уавæр, æмæ цæттæ сты алывæрсыг æхуыс кæнынмæ, цæмæй лыгъд адæм сæхи иппæрдæй ма æнкъарой, уый тыххæй. Фæлæ уазджытæн æртæккæ сæйрагдæр у, сæ хиуæттимæ фембæлын.
Наталья Уæрæсемæ ссыди йæ дыууæ чындзы æмæ уыдоны 5 сывæллонимæ. Сылгоймаг æртæккæ бинонтæн у хистæр. Фидæнмæ нысантæ нæма кæны, фæлæ бинонтæ Уæрæсейы бынтондæр кæй баззайдзысты цæргæйæ, уымæн дæр гæнæн ис.
Уæвгæ ахæм хъуыды æрмæст уымæ нæ сæвзæрд. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ кæй зæгъын æй хъæуы, хæдзармæ фæнды, фæлæ ахæм æгъатыр митæ чи кæны, сывæллæтты сылгоймæгты æмæ ацæргæ адæмы чи мары, уыдоны цур цæрын сæ бон нал бауыдзæн.




