04 июля 2014, 11:30
Раздæры Алчеры бæстыхæйттæ Церетелийы номыл уынджы цæудзысты реконструкцигонд
Уыцы куыстмæ йæ цæст дардзæн сæрмагонд совет. Йæ фыццаг æмбырд арæзт æрцыд, бындуронæй цалцæггонд цы бæстыхай цæудзæн, уым. Советы уæнгтæ сты архитектортæ, историктæ,
Уыцы куыстмæ йæ цæст дардзæн сæрмагонд совет. Йæ фыццаг æмбырд арæзт æрцыд, бындуронæй цалцæггонд цы бæстыхай цæудзæн, уым. Советы уæнгтæ сты архитектортæ, историктæ, Дзæуджыхъæуы разамынд, алыхуызон министрадты æмæ ведомствæты, æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Федтой, 200 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы объект. Революцийы агъоммæ ам уыд алчеры резиденци. Куыста дзы Сыгъдæг Владимиры аргъуан дæр. 17-æм азы фæстæ ацы бæстыхай лæвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы æфсæддон госпиталæн. Абон æй фæстæмæ радтой епархийæн. Æмæ йын хъæуы йæ раздæры нысан сног кæнын. Уыдзæн дзы «Дзæуджыхъæуы рухстауæн центр». Бæстыхай ногæй рацараздзысты, уыимæ йын хъæуы йæ историон хуыз бахъахъхъæнын. Проекты автор у – архитектор Болиты Руслан, сæйраг конструктор – Магкæты Хъазыбег. Объекты рацарæзтæн хъæуы 50 милуан сомæй фылдæр. Уыцы хъуыддагæн æхца радих кæндзæн регионалон рæзты федералон министрад. Куыстытæ фæуыдзысты 2016-æм азы.
Бзарты Руслан, историк: «Алчеры хæдзар у ДЗæуджыхъæуы тынг рæсугъд, рагон архитектурон цартдзæвæн. Æмæ й æхъуамæ сног кæной. Хъуамæ та дзы аргъуан дæр уа, хъуамæ дзы цæра алчер йæхæдæр, хъуамæ дзы ахуыр кæной чырыстон ахуыргæнæндоны ахуырдзаутæ, хъуамæ дзы уа библиотекæ, куыд уыдис кæддæр афтæ. Æмæ йæ стыр кадыол нымайæм нæхицæн. Бацархайдзыстæм, цæмæй архитектурон проектмæ гæсг рагон къамтæм гæсгæ сног кæной арæзтады кусджытæ ацы рæсугъд хæдзар».
темæмæ гæсгæ




