филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:08 вторник, 16 декабря 2025
04 июля 2014, 13:57
Уыд Дзæуджыхъæуы минæвæртты 5 æмбырды кæронбæттæн фембæлд

5 азы куыстæн хатдзæгтæ скодтой горæты депутаттæ. Абон уыд Дзæуджыхъæуы минæвæртты 5 æмбырды кæронбæттæн фембæлд. Докладимæ дзы раныхас кодта муниципалон сконды сæргълæууæг Икъоты Бэлæ.

73275
5 азы куыстæн хатдзæгтæ скодтой горæты депутаттæ. Абон уыд Дзæуджыхъæуы минæвæртты 5 æмбырды кæронбæттæн фембæлд. Докладимæ дзы раныхас кодта муниципалон сконды сæргълæууæг Икъоты Бэлæ.

Фæнысан кодта уыцы рæстæгмæ сын чысыл кæй нæ бантыст, уый. Дзæуджыхъæуы гом кодтой сывæллæттæн хъазæн æмæ спортивон фæзтæ, фæзынд ног скульптурон композицитæ, саив кодтой 200 бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ. Стыр куыст бакодтой рæвдауæндæтты. Байгом кодтой 100 уæлæмхасæн къорды, 20 азмæ фыццаг хатт арæзт æрцыд ног рæвдауæндон, уыдис бирæ культурон фестивальтæ æмæ конкурстæ. Икъоты Бэлæ бауайдзæф кодта æрыгон депутаттæн, фаг ахадгæ куыст кæй нæ кодтой, уый тыххæй. Æмтгæй райсгæйæ, 5 азмæ горæты думæ сфидар кодта 443 нормативон-барадон акты. Æмбырды дзырдтой, бакусын ма кæуыл хъæуы, уыцы фарстатыл. Фæлæ уыдон лыг кæнын ныр хаудзæн Дзæуджыхъæуы минæвæртты 6 æмбырды уæнгтæм. Чи уыдзысты, уый сбæрæг уыдзæн 14 сентябры. Кæронбæттæны хорзæхгонд æрцыдысты 5 азы æнæзæрдæхудт фæллой чи кодта, уыцы депутаттæ æмæ алы къабæзты кусджытæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania