07 июля 2014, 11:06
«Диг-Банчы» æхца кæмæн уыд, уыдонæн сæ абон райсомы фараст сахатæй фæстæмæ фидын райдыдта Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банк
Се хца фæстæмæ райсыны бон у 6 мин адæймагæн. Иумæйагæй уый уыдзæн дыууæ миллиард сомæй фылдæр. Уыдонæй 5 милуан сомы агентад бафиддзæн сæдæ нудæс амалхъом адæймагæн.
Се хца фæстæмæ райсыны бон у 6 мин адæймагæн. Иумæйагæй уый уыдзæн дыууæ миллиард сомæй фылдæр. Уыдонæй 5 милуан сомы агентад бафиддзæн сæдæ нудæс амалхъом адæймагæн. Фæдзæхст цы фæрæзтæ уыдысты, уыдон фиддзысты Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банчы хайæдты куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Мæскуыйы дæр. Абон уал фылдæр адæм æрбацыд Дзæуджыхъæуы Маркусы æмæ Весеннийы уынгты филиалтæм. Уæвгæ хъæууонхæдзарадон банк нысан кæны «Диг-банчы» 500 клиентæн бафидын се хца. Уыимæ 6 мæйы мгъуыдмæ. Æдæппæтæй та сты 9 мин адæймаджы. Хъæууонхæдзарадон банчы зæгъынц, æхца алкæйы фаг кæй уыдзысты, уый. Агентады ма зæрдыл лæууын кæнынц, фæдзæхстыл нымад сты авд сæдæ мин сомы онг. Фылдæр дзы кæмæн уыд, уыдонæн та сæ фиддзысты фæстæдæр федералон закъонмæ гæсгæ, цалынмæ кредитон организаци, ома банк, ликвидацигонд цæуа, уæдмæ. Уый бацахсы дыууæ азы бæрц.
темæмæ гæсгæ




