08 июля 2014, 17:31
Уæрæсейы бæрæг кæнынц бинонты, уарзондзинады æмæ æууæкдзинады бон
Чырыстон къæлиндармæ гæсгæ ма абон мысынц бинонтыл аудæг сыгъдæг Петр æмæ Февронияйы дæр. Бирæтæ æууæндынц, абон йæ къай чи сфидар кæна, уыдонæн уыдзæн амондджын. Дзæуджыхъæуы ЗАГСы абон сæ къайад сфидар кодтой 9 бинонтæ.
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц бинонты, уарзондзинады æмæ æууæкдзинады бон. Бæрæгбон фæзынд 2008-æм азы.
Чырыстон къæлиндармæ гæсгæ ма абон мысынц бинонтыл аудæг сыгъдæг Петр æмæ Февронияйы дæр. Бирæтæ æууæндынц, абон йæ къай чи сфидар кæна, уыдонæн уыдзæн амондджын. Дзæуджыхъæуы ЗАГСы абон сæ къайад сфидар кодтой 9 бинонтæ. Фæлæ æрыгон бинонтæн сæ фылдæр, бæрæгбоны сфидар кæнын сæ къæйттæ, зонгйæ не скодтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын ацы бонмæ рацыди æнæнхъæлæджы.
Сывæллæттæ цы бинонты ис, уыдонæн та абон бæрæгбоны арфæтæ ракодтой республикæйы пенсион фонды. Дыууæ кæнæ фылдæр сывæллоны кæмæн ис, уыцы ныййарджытæн радтой мадæлты сертификаттæ. 43 ныййарæджы райстой фæйнæ 430 мин сомы, æмæ сæ бахардз кæндзысты сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, кæнæ сæ сабиты ахуырадыл.
темæмæ гæсгæ




