Куыд рабæрæг, афтæмæй адæмы æппæты тынгдæр тыхсын кæнынц сывæллæтты ахуыргæнæнæдæттæм æмæ рæвдауæндæттæм раттыны фарстатæ, стæй куысты æмæ цæрæн бынæттæ
Татьяна Сподобаева æмæ йæ бинойнагæн бантыст сæ авд искæ сывæллоны Украинæйæ раласын, нырма дзы сабыр цæрæг адæмы марын куы нæ райдыдтой, уæд. Ныртæккæ сын кæм цæрой, уый ис, фæлæ ныр та Татьянæ тыхсы сывæллæтты ахуырадыл. Йæ хистæр фырт Сергейы фæнды æфсæддон суæвын, æмæ Уæрæсейы арæнтæ хъахъхъæнын. Ацы бæстæйы бинонтæ нысан кæнынц бынтондæр баззайын.
Татьяна Сподобаева: «Нæ хистæр лæппуйы фæнды Суворовон училищæмæ бацæуын. Тыхсæм ахуыры тыххæй. Ис мын дыууæ чызджы, ахуырмæ чи хъуамæ бацæуа, ахæмтæ. Дыууæ та скъолайы агъоммæ кары».
Лыгъд адæмы тынгдæр цы фарстатæ тыхсын кæны, уыдон радзырдтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразæн. Бирæ фарстаьтæн адæм дзуæппытæ райстой бынаты. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй æппæты фыццаг æркæсын хъæуы сывæллæтты фарстатæм. Снысан кодтой, рæвдауæндæттæ санаторий «Тæмасчъы» æмæ пансионат «Урсдоны» территоритыл скæнын. Хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты сывæллæтты скъоламæ цæттæ кæнын дæр.
Миграцион службæйы официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ ныртæккæ Ирыстоны ис Украинæйæ ралидзæг 400 адæймаджы. Сты Тæмисчъы æмæ Урсдоны. Фыццаджыдæр уал сæ хъæуы статус равзарын. Ома, кæнæ рæстæгмæ цæрыны бар райсын. Кæнæ та лыгъд адæмы статус райсын. Федералон æмвæзадыл куыст цæуы сæрмагонд проектыл статус æмæ гражданствæ райсыны хъуыддаг фенцондæр кæныны тыххæй.
Украинæгтæн цæрæн æмæ куысты бынæттыл сæ зæрдæ дарын сæ бон у, æрмæстдæр статус куы райсой, уæд. Уый сын ныртæккæ у, æппæтæй ахсджиагдæр. Ирыстоны цæрджытæй сын кæд бирæтæ æххуыс кæнынц, уæддæр сæ фæнды сæхи кусын, æмæ сæ бинонты дарын.
Лыгъд адæм кæм сты, уымыты равæрдтой куыст ссарыны мобилон центртæ. Специалисттæ бæрæг кæнынц, кæмæ сæ цы ахуырад ис, æмæ дзы чи цы куыстмæ сарæхсдзæн, уый.
Тæмисчъы фæстæ Мамсыраты Таймураз æмæ хицауадон делегаци ацыдысты пансионат «Урсдонмæ». Ам дæр сæргълæууæгмæ лæвæрдтой уыцы фарстатæ. Фæлæ ма Урсдоны ис, æндæр хъуыддаг дæр. Пансионаты зымæджы цæрыны уавæртæ нæй. Ацы фарстайыл дæр цæуы куыст. Архайынц ыл районты администрацитæ.
Украинаг уазджытæ кæм сты, уым рад хæссынц дохтыртæ, миграцион службæйы специалисттæ, полицæйæгтæ, æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады уæнгтæ.
Лыгъд адæммæ ис бирæ фарстатæ, уæлдайдæр та ацæргæ адæммæ. Уыдоны тыхсын кæны сæ пенситы хъуыддаг. Мамсыраты Таймуразы бардзырдмæ гæсгæ, хæстæгдæр бонты Пенсион фонды кусджытæ бабæрæг кæндзысты санаторий æмæ пансионат, æмæ дзуапп ратдзысты æппæт фарстатæн дæр.




