Йæ фæрцы куыстуаты хъахъхъæнæджытæ æххæст кæнынц сæ хæстæ. Æндæр фæрæзтæ дæр сæм ис, фæлæ дзы пайда нæ кæнынц, уый та халы «Транспортон æдасдзинад»-ы федералон закъон.
Æдасдзинады мадзæлттæ саразынæн автовагзалæн радих кодтой 21 миллуан сомы. Куыстуаты разамынд дзы балхæдта æдасдзинады æппæт фæрæзтæ, фæлæ сæ пайда кæнын нæма райдыдтой. Куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй сæ кусынмæ бацæттæ кæнынæн æхца нæ радих кодтой. Æрвылаз та сын хъæуы 3 милуанмæ хæстæг. Куыстуатмæ ахæм æхцатæ нæй, æмæ федералон программæйы дыккаг хай сæххæст кæнын сæ бон нæу. Курдиат балæвæрдтой республикæйы хицауадмæ, фæлæ акционерон æхсæнадæн бюджетон æхцатæй æххуыс кæнæн нæй, хъæуы субсидитæ, уый тыххæй та хъæуы сæрмагонд программæ. Уымæ гæсгæ, цы кусæнгæрзтæ балхæдтой, уыдон бакодтой паддзахадон унитарон куыстуат «Æдасдзинад»-йы бæрны. Ныртæккæ ныхас цæуы сæ пайда кæнынæн æхца самал кæныныл. Фарста хъуамæ лыггонд æрцæуа сентябрьмæ.
Æрвылбон 1-æм автовагзалæй ацæуы æмæ Дзæуджыхъæумæ æрбацæуы 3 мин адæймаджы. Пассажиртæн лæггад кæнынц 65 республикон æмæ горæтты æхсæн чи кусы ахæм 40 автобусы, уымæ гæсгæ йæ ахадындзинад стыр у.




