Цавæр документтæ сæ хъæуы, куыд райсæн сæ ис, цавæр бартæ æмæ сыл хæстæ æвæрд цæуы, æндæр паддзахады цæргæйæ, уыцы фарстаты фæдыл семæ фембæлдысты республикæйы раззагдæр юристтæ.
Куыд цæрын хъæуы закъонмæ гæсгæ æндæр бæстæйы зæххыл, цы бартæ æмæ хæстæ ис Украинæйы граждæнтæн Уæрæсейы, куыд райсæн ис закъонмæ гæсгæ æрлидзæг адæймаджы статус? Ахæм фарстатæ ныртæккæ тыхсын кæнынц, нæ республикæмæ Украинæйæ цы адæм ссыд, уыдоны. Ацы фарстатæ радтой республикæйы юристтæм. Сæрмагондæй уый тыххæй пансионат «Урсдонмæ» æрцыдысты Юстицийы министрады территориалон управленийы минæвæрттæ, нотариаты кусджытæ, тæрхондæтты пъырыстыфтæ, адвокатурæйы æмæ æхсæнадон иугонд «Юристты ассоциации»-йы уæнгтæ.
Къесаты Станислав, РЦИ-Аланийы парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг, æхсæнадон иугонд «Юристты ассоциации»-йы сæрдар: «Закъонмæ гæсгæ бирæ хабæрттæ фæхъæуы кæнын къæпхæнгай, æмæ уый фæдыл стæм ам, сæ разы. Уымæн æмæ юридикон зонындзинад æндæр хуызон у. Æмæ æхсæнады царды, паддзахады царды цы фæхъæуы, уыцы хъуыдытæ куы æххæсткæнæм, уæд хъуамæ мах сæ разы уæм».
Татьяна Бардакова йæ бинойнаг æмæ йæ сывæллонимæ Ирыстоны сты дыууæ къуырийы. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй ныр цы уавæры сты, уымæ гæсгæ сын ахæм фембæлд тынг ахсджиаг у. Бирæ информаци базыдтой – закъонмæ гæсгæ сын цы æмбæлы æмæ растдæр куыд архайой сæ цард саразыныл, уый тыххæй.
Татьяна Бардакова: «Ахæм уавæры стæм фыццаг хатт. Никуы хъуыды кодтам, ацы фарстайы нæ лæмбынæг зонындзинæдтæ кæй бахъæудзæн, ууыл. Цы юристтæ нæм æрбацыд, уыдонæн зæгъæм бузныг. Бирæ хъуыддæгтæ нын бамбарын кодтой, дарддæр куыд архайын хъæуы, уый нын бацамыдтой. Æрластой нын сæрмагонд æрмæг дæр».
Республикæйы хуыздæр юристтæ ма фембæлдысты, саноторий «Тамисчъ»-ы цы æрлидзæг адæм ис, уыдонимæ дæр. Украинæгтæн баххуыс кæнын кæй хъæуы, уый æнæмæнг у, æмæ сын фыццаджыдæр юридикон фарстатæ бамбарын кæнын хъæуы, загътой фембæлды архайджытæ.
Къесаты Станислав, РЦИ-Аланийы парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг, æхсæнадон иугонд «Юристты ассоциации»-йы сæрдар: «Æндæр паддзахадæй нæм æрбацыдысты, æмæ сæ но м дæр сæ уæлæ ис, лыгъд адæм, æмæ сæ фылдæры зæрды ис Уæррæсейы баззайын, Ирытсоны баззайын æмæ сæ хъæуы, граждансткво зæгъыгæ, ома паддзахадимæ сын юридикон бастдзинад куыд уа. Æмæ сæ хъæуы курдиат ныффыссын. Ахæм хъуыддæгтæ дæр дзы уыдис æмæ ам йæхи дары куыд лыгъд адæймаг, фæлæ йæхæдæг та уым хæстыты дæр архайдта, æмæ уымæ дæр æркæсын хъæуы».
Ныртæккæ пансионат «Урсдоны» ис 105 адæймаджы. Нырма уал сты Украинæйы граждæнтæ. Фæлæ сæ сæ бæстæмæ фæстæмæ цæрынмæ ацæуын нал фæнды. Ныртæккæ сæ фыццаг хъуыддаг у сæ бартæ закъонмæ гæсгæ сбæлвырд кæнын. Æмæ уæд уый фæстæ хъæуы бацархайын куыст ссарыныл æмæ ног цард райдайыныл Уæрæсейы.
Иннæ хатт республикæйы юристтæ ардæм æрбацæудзысты къуырийы фæстæ. Цы фарстатæ райстой, уыдонæн бацæттæ кæндзысты бæлвырд дзуæппытæ. Æппæтæй тынгдæр Украинæйы граждæнты фæнды Уæрæсейы цæрын закъонмæ гæсгæ.
Гугкаты Иринæ




