11 июля 2014, 14:11
Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей. Боны фæткмæ рахастой 20 фарстайæ фылдæр
Ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты «Уæрæсейы кадджын донортæн» æрвылазон фиддонтæ дæттыны уагæвæрдмæ. Нæ республикæйы ныртæккæ сты 1013 адæймаджы, фидынц сын 11 мины æмæ 700 сомы.
Ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты «Уæрæсейы кадджын донортæн» æрвылазон фиддонтæ дæттыны уагæвæрдмæ. Нæ республикæйы ныртæккæ сты 1013 адæймаджы, фидынц сын 11 мины æмæ 700 сомы. Фидаргонд ма æрцыдысты хъæууонхæдзарадон куыстуæттæн федералон бюджетæй субсидитæ дих кæныны уагæвæрдтæ мелиоративон системæтæ цалцæг кæнынæн. Ис программæ 3 азæн, уымæ гæсгæ федералон бюджетæй æдæппæтæй нæ республикæйæн хъуамæ раттой 65,6 милуан сомы. Хицауад ма рахаста уынаффæ, паддзахадон æххуыс бакæнын, дæргъвæтин рæстæг кæй аразынц, уыцы 142 цæрæн-арæзтадон кооперативæн. Бæстон ныхас уыд электрон тыхæй пайда кæныны нормативтыл. Фидаргонд æрцыдысты, бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг бынæттæн нымайæг прибортæ кæм нæй, уыдонæн. Уый хъуамæ сбиноныг кæна фæлхасгæнджыты æмæ электрон тых дæттæг куыстуæтты ахастдзинæдтæ. Æркастысты ма профессионалон ирвæзынгæнджыты тыххæй закъоны проектмæ.
темæмæ гæсгæ




