филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:39 понедельник, 15 декабря 2025
14 июля 2014, 11:17
Цæгат Ирыстоны финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæ хатдзæгтæ скодта 6 мæйы куыстæн æмæ сбæрæг кодта сæйраг нысантæ ацы азы кæронмæ

Афæдзы райдианæй нырмæ конд æрцыд 31 ревизийы. Фароны уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ, уый у 2 хатты къаддæр, уыимæ бæрæггæнæн мадзæлтты хæрзхъæддзинад зынгæ фæхуыздæр.

73360
Афæдзы райдианæй нырмæ конд æрцыд 31 ревизийы. Фароны уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ, уый у 2 хатты къаддæр, уыимæ бæрæггæнæн мадзæлтты хæрзхъæддзинад зынгæ фæхуыздæр. Сбæрæг кодтой, 36,5 миллиард сомæй фылдæр куыд хардзгонд æрцыдысты, уый. 20 ревизийы рæстæг раиртæстой закъонхалæн митæ, 1 миллиард сомæй фылдæр раст хардзгонд не ‘рцыдысты. Куыст цæуы уавæр сраст кæныныл. 288 милуан сомы фæстæмæ раздæхтой бюджетмæ. Финансон-бюджетон цæстдарды территориалон управленийы разамонæг Баскаты Станислав куыд загъта, афтæмæй службæйы кусджыты сæйраг хæс æгъдаухалджыты бафхæрынимæ баст хъуамæ ма уа, фылдæр архайын хъæуы, цæмæй бæрнон ведомствотæ бюджетон æхцатæ хардз кæной сæ нысанмæ гæсгæ.

Баскаты Станислав, РЦИ-Аланийы финансон-бюджетон цæстдарды федералон службæйы разамонæг: «Фæстаг рæстæг фылдæр ныхас цæуы адæмы цæрыны уавæртыл, коммуналон фарстатыл. Мах кæсæм, Алагиры районы хохаг хъæутæ Мызуры æмæ Буроны цæрджыты хæдзæрттæм æрдзон газ куыд бахæццæ, уымæ. Программæ «Юг России»-мæ гæсгæ цы фæрæзтæ радих кодтой Ирыстонæн, уыдон куыд пайдагонд цæуынц,у уымæ дæр кæсæм. Абон ахæм хæс æвæрæм, цæмæй нæ хæстæ æххæст кæнгæйæ, бæрзонддæр кæна нæ куысты хæрзхъæддзинад».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania