филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:02 вторник, 16 декабря 2025
15 июля 2014, 17:19
Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ бафæлвæрдтой доныл цæуынæн ног техникæ

Фæзынд сæм, бирæ функцитæ кæмæн ис, ахæм катер: йæ фæрцы фервæзын кæнын ис, доны фыдбылызы чи бахауд, кæнæ чи ныгъуылы, уыдонæн.

Пайда кæнæн дзы ис зынгсирвæзтыты æмæ æндæр æвирхъау цауты рæстæг. Ног техникæ ма хорз уымæй у, æмæ дзы цæуæн ис лыстæг, йæ бæрзæнд 25 см йеддæмæ кæмæн нæу, ахæм доны дæр. Уый та уымæн, æмæ йæ конд хицæн кæны иннæтæй, ис ын тъæпæн бын.

73388
Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ бафæлвæрдтой доныл цæуынæн ног техникæ. 
Фæзынд сæм, бирæ функцитæ кæмæн ис, ахæм катер: йæ фæрцы фервæзын кæнын ис, доны фыдбылызы чи бахауд, кæнæ чи ныгъуылы, уыдонæн. 
Пайда кæнæн дзы ис зынгсирвæзтыты æмæ æндæр æвирхъау цауты рæстæг. Ног техникæ ма хорз уымæй у, æмæ дзы цæуæн ис лыстæг, йæ бæрзæнд 25 см йеддæмæ кæмæн нæу, ахæм доны дæр. Уый та уымæн, æмæ йæ конд хицæн кæны иннæтæй, ис ын тъæпæн бын.
Ирвæзынгæнæн-зынгхуыссынгæнæн сæрмагонд хайады кусджытæ цалдæр мæйы ахуыр кодтой катеримæ кусын. Ныр сæ арæхстдзинад æмæ цæттæдзинад æвдисынц практикон æгъдауæй. Уымæй уæлдай ма хъуамæ зоной, доны æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг чи фесæфт, уыдон куыд агурын æмæ ирвæзын кæнын хъæуы, уый. Се ппæт дæр радтой фæлварæн æмæ ныр сæ бон у катерыл кусын. 
Уыимæ ирвæзынгæнджытæ бахъуаджы сахат æрвыст цæуынц, Цæгат Кавказы се ххуыс кæм бахъæуы, уырдæм.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania