филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:21 воскресенье, 29 сентября 2024
29 июля 2014, 17:30
Ацы аз хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæнынæн республикæйы бахардз кæндзысты 500 милуан сомæй фылдæр

Уыцы фæрæзтæй куыд пайда кæнынц, æмæ ма цавæр куыст бакæнын хъæуы ацы къабазы, уый тыххæй ныхас цыд, артаджы æмæ энергетикон комплексы, стæй цæрæн-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ цæттæ кæныны штабы æмбырды.

73546
Ацы аз хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæнынæн республикæйы бахардз кæндзысты 500 милуан сомæй фылдæр. Уыцы фæрæзтæй куыд пайда кæнынц, æмæ ма цавæр куыст бакæнын хъæуы ацы къабазы, уый тыххæй ныхас цыд, артаджы æмæ энергетикон комплексы, стæй цæрæн-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ цæттæ кæныны штабы æмбырды. Докладимæ раныхас кодта арæзтады, энергетикæйы æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Багаты Батраз. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй куыстытæ цæуынц пъланмæ гæсгæ. Ныридæгæн сæ 50% æххæст сты. Фæлæ ис къуылымпыдзинæдтæ дæр. Зæгъæм, 340 хъармгæнæй абоны онг цæттæ сты æрмæстдæр 163. Æппæтæй ныллæгдæр бæрæггæнæнтæ ис Æрыдоны æмæ Кировы районты. Лыггæнинаг фарстатæ ис Рахизфарсы районы дæр. Министры хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ уый уымæн у, æмæ дзы цæрæн-коммуналон хæдзарады хайады куыст æмбæлгæ æмвæзадыл æвæрд нæу. Вице-премьер Габысаты Константин организациты æмæ ведомствæты разамонджытæн бабар кодта, æппæт къуылымпыдзинæдтæ афойнадыл бæрæг кæнын, цæмæй хъармгæнæн сезоны райдайæнмæ объекттæ цæттæ уой, уый тыххæй. 
Багаты Батраз, РЦИ-Аланийы арæзтады, энергетикæйы æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг: «Хуыздæр чи сты, уыдон – Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы район. Уыдоны кæд фæнды дæр сæхи равдисынц хорз. Мæздæджы та ма сæ хæдзæрттæн разамонæг компанитæ – уыдон дæр тынг хорз кусынц. Зæгъæм, цы хъуамæ æрæмбырд кæной, кварплатæ, зæгъгæ, уый 100 % дæр сын ссæуы».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania