Нæлгоймæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæхæдæг дæр Ирыстонмæ лыгъд адæмы хуызы бафтыдысты æмæ хорз æмбыарынц адæмы рыст æмæ сагъæс. Æнæ ницæмæй æнæзонгæ ранмæ ссæуын
Украинæйæ æрлидзæг адæмæн баххуыс кæныныл сразы сты базары уæйгæнджытæ се ппæт дæр. Цы дзаумæттæ уæй кæнынц, уыдонæй аластой Тæмискъмæ. Сылгоймæгты æмæ сывæллæтты уæлæдарæс, хæдзары дзаумæттæ, хойрæгтæ, сæхи конд цæхджынтæ …
Æххуысгæнджытæ æдзухдæр телефонæй ныхас кæнынц лыгъд адæмимæ æмæ йæ хорз зонынц, цы хъуаг сты, цæмæй сæм фæкæсын хъæуы, уый. Санаторийы дæр сæм хорз цæстæй кæсынц. Йæ бон кæмæн куыд у, афтæ сын æххуыс кæны.
Хъуаг æййафынц æрмæстдæр хъарм дзаумæттæй. Изæрыгон хæхты уазал вæййы, уæдæ фæззæгмæ дæр бирæ нал баззад – адæммæ та зымæгон æмæ хъарм уæлæ æмæ къахыдарæсæй семæ ницы ис.




