Уым сæ фæллад уадзынц, 7 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ. Лагеры вæййынц æрмæст боныгон. Фæлæ центры разамынды фæнды, цæмæй сын уа æхсæв баззайыны фадат дæ
Ногдзауты галстуктæ, пилоткæтæ, девизтæ. Алцыдæр Советон Цæдисы заманы куыд уыдис, афтæ. Лагерь «Хæххон уарди» дзæбæхгæнæн-реабилитацион центр «Хæххон уæлдæф»-ы бындурыл кусы ныр 10 азы. Раздæр ам уыдис лагерь «Орленок». Уымæ гæсгæ центры директор Æхполæтты Розæ архайы, уыцы дуджы традицитæ бахъахъхъæныныл.
Æхполæтты Розæ, дзæбæхгæнæн-реабилитацион центр «Хæххон уæлдæф»-ы директор: «Нæ нысан у, цæмæй сывæллæттæн се `нæниздзинад фæфидардæр уа, сыгъдæг уæлдæфæй улæфой, сæ фæллад скъолайæ суадзой æмæ ногæй скъоламæ бацæуой æмæ дзæбæх ахуыр кæной, уый тыххæй».
Лагерь «Хæххон уарди» кусын райдыдта сæрды райдиан. Ам сывæллæттæ вæййынц 9-æй 17 сахаты онг. Сæ фылдæр сты фæкæсынхъуаг бинонтæй. Лагеры сын бацæттæ кæнынц цымыдисаг программæ. 18 бонмæ сывæллæттæ бабæрæг кæнынц бæхты спортивон скъола, ихы галуан, парктæ, музейтæ. Вæййы сæм уазджытæ дæр алы организацитæй. Зæгъæм, æрæджы мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ лагеры хъомылгæнинæгтæн сарæзтой акци «Мах стæм терроры ныхмæ». Пъæлицæйæгты ныхæстæм гæсгæ, уый уæлдай ахсджиагдæр 1-æм сентябры агъоммæ.
Засеты Эльзæ, мидхъуыддæгты министрады дзæуджыхъæуккаг управленийы æнахъом сывæллæтты хайады инспектор: «Мах фæндыдис, цæмæй сывæллæттæ бамбырой, цы у терроризм, куыд тох кæнын хъæуы йемæ, стæй цы зиан хæссы дунейыл, уый. Сывæллæттæ сæхи равдыстой алыхуызон конкурсты – ныв кæныны, анкетированийы. Балæвар сын кодтам лентæтæ. Фыст сыл уыд «Мы против террора».
Акци æххæстгæнгæйæ сывæллæттæ архайдтой æмдзæвгæты æмæ нывты конкурсты. Тедеты Сослан лагеры ис 2-аг хатт. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ зæрдæмæ тынг цæуы. Фадат ын куы уа, уæд ма иннæ аз дæр æрбацæудзæн.
Тедеты Сослан: «Мæнæ нам фæзындис бирæ æмбæлттæ. Мах фæхъазæм футболæй. Уыдыстæм ихы галуаны, музейты, æфсæйнаг фæндагыл».
Æдæппæтæй ацы сæрдыгон сезонмæ ам сæ фæллад суадздзысты 120 сывæллоны. Абон лагерьмæ æрбацыд скъоладзауты 4-æм фæлтæр.
Центр «Хæххон уæлдæф»-ы разамынды фæнды, цæмæй сывæллæттæ ам уой æрмæст бонæй нæ, фæлæ ма æхсæв дæр. Уый тыххæй ныртæккæ бындуронæй цалцæг кæнынц мæнæ ацы корпус. Сывæллæттæн дзы сæ бон уыдзæн баулæфын, стæй се нæниздзинад фæфидар кæнын дæр. Бæстыхай байгом кæнын фæнд кæнынц 2 азы фæстæ.
Хъайтмазты Дзерассæ.




