филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:04 понедельник, 15 декабря 2025
12 августа 2014, 17:10
Цæгат Кавказы федералон зылды Слестгæнæн комитеты каст фесты Джиоты Батрадзы æмæ Челæхсаты Мысосты хъуыддагмæ

Слестгæнджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй Джиоты Батрадз æмæ Челæхсаты Мысост Цæгат Ирыстоны бирæ фыдракæндтæ скодтой. Уымæй уæлдай сæ аххосджын кæнынц Торчынты Аланы амарынæй.

73690
Лæгмард, хæцæнгарзы æнæзакъон зилдух, фыдмитæ. Цæгат Кавказы федералон зылды Слестгæнæн комитеты каст фесты Джиоты Батрадзы æмæ Челæхсаты Мысосты хъуыддагмæ. Азымджын сæ кæнынц Уголовон кодексы 8 статьямæ гæсгæ, хъусын кæнынц ведомстæйы пресс-службæйæ.
Слестгæнджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй Джиоты Батрадз æмæ Челæхсаты Мысост Цæгат Ирыстоны бирæ фыдракæндтæ скодтой. Уымæй уæлдай сæ аххосджын кæнынц Торчынты Аланы амарынæй.
Лæгмард æрцыд Дзæуджыхъæуы фарон 12 июны. Йæ ныгæнæн боны та Беслæны фыдгæнджытæ æхсын райдыдтой мæрддзыгой адæмы æмæ дзы цалдæры амардтой. Ныртæккæ сæ хъуыддæгтæ æрвыст æрцыдысты тæрхондонмæ. Фыдгæнджыты къорды разамонæг æмæ йæ иннæ уæнгты архайдыл слест цæуы дарддæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania