Сæ курдиатмæ гæсгæ театр Сабийы артисттæ сывæллæттæн равдыстой, ирон æвзагмæ тæлмацгонд чи у, ахæм зындгонд аргъау «Гыццыл уæрыкк». Æрбахуыдтой йæм горæты рæвдауæндæтты
Тотраты Владислав, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг: «Ахæм къорд ис «PROGREDI» зæгъгæ æмæ бирæ хорз хъуыддæгтæ аразынц æмæ сæ мах та, ахуырад æмæ наукæйы министрад сæ сæрыл хæцæм æмæ нæ бон цы у, уымæй сæм фæкæсдзыстæм».
Ахæм лæвар сывæллæттæн сфæлдыстадон къорд «PROGREDI»-имæ скодта куклаты театр «Саби». Сæ арæхстдзинадæн сын аргъ скодтой ахуырады æмæ наукæйы министры хæдивæг Тотраты Владислав. Æмæ сын зæрдæ бавæрдта дарддæр дæр ахæм акциты фарс хæцынæй.
Сфæлдыстадон къорд «PROGREDI»-йы минæвæрттæ æрæмбырд кодтой хуыздæр ирон аргъæуттæ æмæ сæ рауагътой хуызджын буклеты. Акцийы рæстæг сæ Сабырдзинады проспекты байуæрстой сывæллæттæн æмæ сæ ныййарджытæн. Хъуамæ уыцы аргъæуттæ сæ сабитæн бакæсой сæ хæдзæртты. Акци «Ирон аргъау»-ы нысан у сывæллæттæн сæ мадæлон æвзаг уарзын кæнын. æмæ уыцы ныфсимæ фæсивæд дарддæр дæр ахайдзысты ирон æвзаг парахат кæныныл.
Кцойты Анастасия: «Мæнæ ныр мах чи бабуц кодта нæ сывæллæттимæ, уыдоны цæрæнбон бирæ уæд. Фылдæр нын ахæм равдыстытæ куыд кæной. Бузныг, стыр бузныг. Нæ ирон фæсивæд ма куы нын фæцудуд, нæ цард, нæ цæрæнбонты».
Чертхъоты Илонæ, Акци «PROGREDI»-йы архайæг: «Ацы 3 боны сфæлдыстадон къорд, «PROGREDI» сæххæст кодта дыууæ акцийы «Ало-лай» æмæ «Ирон аргъуан» дыууæ фыццаг боны мах уыдысты сывæллæтты цæхæрадæтты æмæ гыццыл сабитæн бакастытстæм аргъаутæ».




