филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:29 воскресенье, 29 сентября 2024
21 августа 2014, 13:02
Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз бадомдта, цæмæй муфтийы хæдивæг Расул Гамзатовы чи амардта, уыдоны сбæрæг кæной

Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз тыхы ведомствæты кусджытæй бадомдта, цæмæй сæ тыхтæ саразой, Цæгат Ирыстоны муфтийы хæдивæг Расул Гамзатовы чи амардта,

73310
Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз тыхы ведомствæты кусджытæй бадомдта, цæмæй сæ тыхтæ саразой, Цæгат Ирыстоны муфтийы хæдивæг Расул Гамзатовы чи амардта, уыдоны сбæрæг кæнынмæ. Республикæйы мидхъуыддæгты министр Артур Ахметханов стæй Уæрæсейы Æдасдзинады Федералон Службæйы Цæгатирыстойнаг Управленийы хицау Олег Яцко йæ æрвылбон зонгæ кæнынц, слест куыд цæуы, уимæ.

 «Дзæуджыхъæуы мæзджыты имамы амарын у загъдкъахæн ми, цæмæй республикæйы сабыр цард фехæла. Æмæ масты æфтауы, Дудараты Ибрагимы марæджы дæр кæй нæма сбæрæг кодтой, уый. Барадон оргæнтæ хъуамæ бацархайой дыууæ фыдракæнды раргом кæныныл», загъта Мамсыраты Таймураз.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania