филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:20 среда, 17 декабря 2025
21 августа 2014, 13:04
Дзæуджыхъæуы епархийы хъæппæрисæй Цæгат Ирыстоны дыккаг хатт цæуы Æппæтдунеон чырыстон фæсивæдон форум

Ссыдысты йæм 250 адæймагæй фылдæр Цæгат Кавказы регионтææ, Хуссар Ирыстонæй, Абхазийæ, Азербайджанæй, Мæскуы æмæ Мæскуыйы облæстæй…

73114
Ссыдысты йæм 250 адæймагæй фылдæр Цæгат Кавказы регионтææ, Хуссар Ирыстонæй, Абхазийæ, Азербайджанæй, Мæскуы æмæ Мæскуыйы облæстæй…
Форум цæудзæн 29-æм августмæ. Семинартæй æмæ алыхуызон ахуыртæй уæлдай ма йæ архайджытæн бацæттæ кодтой хъæздыг программæ.
Форум куыд цæудзæн, цы нысан хæссы æмæ цæуыл ахуыр кæны фæсивæды – уыимæ уæ базонгæ кæндзыстæм не `рмæджы.

Цыфæнды хъуыддаджы райдайæны дæр аргъуыд скæнын – хорз хъуыддаг у. Уæлдайдæр та дæ зæрды хорз хъуыддаг скæнын куы уа, уæд. Дзæуджыхъæуы епархийы хъæппæрисæй Цæгат Ирыстоны дыккаг хатт цæуы Æппæтдунеон чырыстон фæсивæдон форум.

Цæгат Кавказы регионты, Хуссар Ирыстоны, Абхазийы, Азербайджаны, Мæскуыйы æмæ Мæскуыйы облæсты минæвæрттæ, форуммæ ссыд 250 адæймагæй фылдæр.

Ахæм фембæлд Урсдоны хуымæтæджы нæ сарæзтой. Организаторты хъуыдмæ гæсгæ йæ сыгъдæг уæлдæф æмæ æрдзы рæсугъддзинад се ппæтæн дæр уыдзысты æрмæст æвдадзы хос нæ, фæлæ ма удты сыгъдæггæнæн, миддуне хъæздыгдæргæнæн. «Уды фидарæй та – буар дæр кæны фидардæр» – зæгъынц дины кусджытæ.

Ацы хатт форуммæ цы фæсивæд ссыд, уыдон дæр хицæн кæнынц иннæтæй. Сæ æнувыддзинад диныл, се `ууæнк иннæты дæр бауадзы тых æмæ ныфс.

Форум цæудзæн 29-æм августмæ. Семинартæй æмæ алыхуызон ахуыртæй уæлдай ма йæ архайджытæн бацæттæ кодтой хъæздыг программæ. Фембæлдтытæ сын уыдзæн зындгонд адæмимæ.

10 бонмæ фæсивæдæн экскурситæ уыдзæн сыгъдæг бынæттæм, базонгæ сæ кæндзысты Ирыстоны рæсугъд æмæ динимæ баст бынæттимæ. Чырыстон аргъуантæй уæлдай ма бабæрæг кæндзысты Суннитаг мæзджыт æмæ Сомихаг аргъуан.

Форум саразынæн стыр æххуыс бакодтой РЦИ-Аланийы хицауад æмæ фæсивæдон Парламент, Регионты хсæн æхсæнадон фæсивæдон змæлд «Соборяне»…

Форумы архайджытæн республикæйы хицауады номæй «Æгасцуай» загъта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæн Челæхсаты Рустем. Йæ ныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй хæстæгдæр фидæны абоны кæстæртæ æмæ фæсивæд слæудзысты паддзахады сæргъы. «Æмæ сæ абон ахуыр кæныны хъæуы сабырдзинад, æдасдзинад, лымæндзинад хъахъхъæнын, алы адæмыхæттыты, дины æмæ конфесситы хсæн фидар бастдзинæдтæ аразын».

Форум цæуы дыккаг хатт, фæлæ йæ аразджытæ фæнд кæнынц традицион скæнын. Цæмæй алы регионтæй,алы диныл хæст фæсивæд дзурой се ппæты иугæнæг æвзагыл – дины æвзагыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania