филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:27 воскресенье, 29 сентября 2024
21 августа 2014, 13:12
Ирон аргъуаны ныгуылæн фарсæн ныккæлынæй тæссаг кæй у, ууыл дзурынц цалдæр азы

Уæлдай тæссагдæр уавæры сты 10 ингæны. Ам ныгæд сты Ирыстоны раззагъды лæгтæ æмæ ахсджиаг у сæ цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæнын.

73824
Уæлдай тæссагдæр уавæры сты 10 ингæны. Ам ныгæд сты Ирыстоны раззагъды лæгтæ æмæ ахсджиаг у сæ цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæнын.

Цæмæй къул ма ракæла, уый тыххæй аргъуаны кусджытæ, стæй йæм кувынмæ чи цæуы, уыдон скъахтой даргъ дзыхъхъ, æмæ йæ сæрмагонд бригады уæнгтæ байдзаг кодтой бетонæй.

 Дины кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй тæссаг уавæры ис аргъуаны хуссайраг фарс дæр. Советон рæстæг дзы ныккалдтой сыджыт æмæ æрбадтис. Уымæ гæсгæ уый дæр хъæуы ныффидар кæнын. Ацы хъуыддагыл архайы специалистты къорд. Хъуамæ арæзт æрцæуа, æппæт домæнтæн дæр дзуапп чи дæтта, ахæм проект.

Ирон аргъуан у, регионалон нысан кæмæн ис, ахæм архитектурон æмæ культурон цыртдзывæн. Дзæуджыхъæуы рагондæр бæстыхæйттæй иу. Иннæ аз ыл сæххæст уыдзæн 200 азы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania