филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:22 воскресенье, 29 сентября 2024
22 августа 2014, 11:30
Æрххæццæ кæнынц республикæйы цæрджыты æппæтæй уæззаудæр мысæн бонтæ

Беслæны æвирхъау цаутæ сæ зæрдыл уæлдай тынгдæр лæууынц, сæхи удтæй сæ чи бавзæрста, уыдонæн. Ирыстоныл цы стыр бæллæх æрцыд, ууыл рацыд 10 азы, фæлæ зæрдæты рыст нæ

73474
Беслæны æвирхъау цаутæ сæ зæрдыл уæлдай тынгдæр лæууынц, сæхи удтæй сæ чи бавзæрста, уыдонæн. Ирыстоныл цы стыр бæллæх æрцыд, ууыл рацыд 10 азы, фæлæ зæрдæты рыст нæ къаддæр кæны, зæгъынц, скъолайы чи уыдис, уыцы адæм. Сатцаты Наталья дæр йæхиуыл банкъардта уыцы карз 3 боны хъизæмæрттæ. Уыд тынг цæфтæ æмæ ныр дæр йæ къахыл нæма слæууыд. Скъолайы уыд йе 3 сывæллонимæ. Уыдон кæй аирвæзтысты, уый тыххæй алы бон дæр арфæ кæны Хуыцауæн.

Ныр 10 азы Беслæны террористон акты фæстиуджытæ Сатцаты Наталья æнкъары йæхиуыл. Скъолайы сылгоймаг уыд йæ 3 сывæллонимæ. Афтæмæй цыппарæй дæр фæбадтысты скъолайы спортивон залы. Се ппæтæн дæр бантыст рацæуын.

Сывæллæттæй тынг хъыгдард ничи баййæфта. Фæлæ уæззау цæф фæцис Наталья йæхæдæг. 2-æм бон спортивон залы срæмыгъта гранат æмæ дзы иу къæртт нынныхсти Натальяйы ныхы.
Æмæ ныртæккæ дæр ис уым. Бахъыгдæрдта йын йæ нервытæ æмæ уый тыххæй нæ кусы йæ галиу фарс. Йæ бон нæу йæ къухæй архайын, стæй йæ къахыл лæууын. Йæхи сдзæбæх кæнынмæ йæ хъæуы Германимæ ацæуын. Уым ын æфсæйнаджы схъис йæ сæрæй сисдзысты, стæй йын сараздзысты сæрмагонд медицинон процедурæтæ. Зæрдæ йын æвæрынц, йæ къахыл æй кæй слæууын кæндзысты, уымæй. Уыцы хъуыддагæн хъæуы 2 милуан сомæй фылдæр. Фæлæ бинонтæм ахæм фæрæзтæ нæй. Ныр 10 азы дæргъы Наталья æвзары стыр хъизæмæрттæ.

2004-æм азы Натальяйы хистæр сывæллон Тамерлан хъуамæ бацыдаид фыццæгæм къласмæ. Бæрæгбонмæ сылгоймаг йемæ акодта йæ чызджыты дæр – 3-аздзыд Данæйы æмæ 2-аздзыд Аделинæйы. Уыцы цаутæ се ппæт дæр хорз хъуыды кæнынц. Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй уæд, сывæллон уæвгæйæ бамбæрста, царды æппæтæй ахсджиагдæр цы у, уый.

Сатцаты Тамерлан: «Бинонтæ, æмæ `мбæлттæ. Бинонтæ æгас, æмбæлттæ хæстæг. Æндæр ницы».

Ныртæккæ Тамерлан, Данæ æмæ Аделинæ сæ мадæн стыр ныфс сты. Йæ цардæмбал Аслан дæр æппынæдзух ис йемæ. Наталья куыд зæгъы, афтæмæй йын цæрыны тых дæттынц йæ бинонтæ.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania