22 августа 2014, 18:31
Дзæуджыхъæуы уыд сфæлдыстадон куыстыты равдыст
Архайдтой дзы 200 адæймагæй фылдæр Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй.
«Террорæн уадзæн нæй»… Архайдтой дзы 200 адæймагæй фылдæр Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй.
Конкурс баст уыд Беслæны фыдбæллæхы 10 азы бонимæ.Йæ аразджытæ сты Джыбылаты Зауыры номыл хæрзаудæн фонд æмæ Мидхъуыддæгты министрады цур Æхсæнадон Совет.
Сфæлдыстадон куыстытæн аргъ кодтой 3 номинацимæ гæсгæ: ныв, æмдзæвгæ кæнæ радзырд æмæ видеоролик. Жюрийы уæнгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй куыстытæ иууылдæр тынг хорз конд сты.
Хуыздæрты сбæрæг уыдзысты абон, уæлахиздзауты та схорзæхджын кæндзысты 2-æм сентябры.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)
темæмæ гæсгæ