25 августа 2014, 12:31
Æфсæддон-гуырдзиаг фæндаг нырма у æхгæд
Цы ламидæттæ дзы æрцыд, уыдон фæндаггон службæтæ сыгъдæг кæнынц.
Цы ламидæттæ дзы æрцыд, уыдон фæндаггон службæтæ сыгъдæг кæнынц.
Уыимæ зæрдæ не вæрынц, тагъд рæстæг фæндаг кæй скуысдзæн, уымæй. Уæрæсейы Æнæхъæлæджы цауты министрады цæгатирыстойнаг сæйраг управленийы æмæ аваритæ иуварсгæнæн службæтæ кусынц сæрмагонд уагæвæрдмæ гæсгæ æмæ сын бахъуаджы сахат цæттæ сты баххуыс кæнынмæ.
Æнæнхъæлæджы цауты министрад бæлццæттæй куры: цалынмæ «Уæллаг Ларс»-ы фæндаг сæдас уа, уæдмæ йыл ма цæут.
Иу хатт ма уын уæ зæрдыл лæууын кæнæм: 20-æм августы арæнхъахъхъæнæн-уадзæн пунк «Дайран»-мæ хæстæг ногæй рацыд зæй æмæ æрæхгæдта фæндаджы хай.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)
темæмæ гæсгæ