Дзуæппытæ лæвæрдта уæрæсейаг журналистты фæрстытæн.
Бæстон æрлæууыд Украинæйæ лыгъд адæмы фарстайыл. Нæ республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ныртæккæ ис иу мин лыгъд адæймагæй фылдæр. Уыдонæй 275 сты скъоладзаутæ. Фыццæгæм сентябры бацæудзысты скъоламæ, студенттæн та фадат уыдзæн сæ ахуыр нæ республикæйы уæлдæр скъолаты дарддæр ахæццæ кæнынæн. Уымæн арæзт æрцыд алцыдæр. Уымæй дарддæр Мамсыраты Таймураз æрдзырдта промышленнон æмæ хъæууонхæдзарадон куыстуæтты архайдыл.
Стыр æргом аздæхта Беслæны терактмæ. Куыд загъта, афтæмæй йыл цасфæнды куы рацæуа, уæддæр уыцы рыст адæмæй никуы ферох уыдзæн, баззайадзæн нæ республикæйы алы цæрæджы зæрдæйы дæр. Журналистты тыхсын кодта, Цæгат Ирыстоны муфтийы хæдивæг Расул Гамзатовы кæй амардтой, уыцы хъуыддаг дæр. Мамсыраты Таймураз загъта, барадхъахъхъæнджытæй кæй бадомдта, цæмæй ацы фыдракæнд раиртасой, куыд æмбæлы, афтæ. Ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
![Соц Сети Соц Сети](https://alaniatv.ru/wp-content/uploads/2019/01/Alania_TG_1140x151.gif)