филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:20 воскресенье, 29 сентября 2024
27 августа 2014, 10:57
Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады фарстатæм æркастысты хицауады къамисы æмбырды

Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады фарстатæм æркаст Хицауады сæрмагонд къамис йæ радон æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.

73909
Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады фарстатæм æркаст Хицауады сæрмагонд къамис йæ радон æмбырды. Амыдта йæ Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий.
Стыр æргом аздæхтой бæлццæттæ ласыны æдасдзинадмæ. Бирæ домæнтæ æххæстгонд нæ цæуынц. Маршрутмæ рацæуыны агъоммæ бæрæггонд не ‘рцæуынц шофыры æнæниздзинад, стæй машинæйы уавæр, бирæ шофыртæм нæй фаг дæсныдзинад адæмы ласынæн, бæлццæттæ та не сты фæдзæхст. Домæнтæ æххæст кæнынц æрмæстдæр паддзахадон æмæ муниципалон транспортон куыстуæтты. Ног азы йæ тыхы бацæудзæн ног закъон. Уый бар нæ дæтдзæн бæлццæтты ласынæн, 7 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм машинæйы. Хæстæгдæр рæстæг къамисы разамынд бабæрæг кæндзæн районтæ æмæ æркæсдзæн, фæндаггон фыдбылызтæй хъахъхъæныны фарстатæ куыд лыггонд цæуынц, уымæ. Ахуыры азы райдианы агъоммæ æрдзырдтой скъоладзауты æдасдзинадыл дæр. Зæнгионты Виталий бадомдта, цæмæй алы ахуырадон кусæндоны дæр конд цæуой фыдбылызтæй хъахъхъæныны мадзæлттæ. Фæндæгтæ хъуамæ ифтонг уой хъæугæ нысантæй.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania