филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:27 воскресенье, 29 сентября 2024
27 августа 2014, 11:03
Азы аз Беслæны трагедийыл æххæст кæны 10 азы

Сентябры фыццаг 3 боны республикæйы цæрджытæн æппæтæй уæззаудæр сты. Уыцы æвирхъау цауты тыххæй дзурын æппæтæй зындæр у, йæхæдæг сæ чи бавзæрста, уыдонæн. Чеджемты Тамерлан дæр 16-аздзыдæй бахаудта теракты.

73915
Сентябры фыццаг 3 боны республикæйы цæрджытæн æппæтæй уæззаудæр сты. Уыцы æвирхъау цауты тыххæй дзурын æппæтæй зындæр у, йæхæдæг сæ чи бавзæрста, уыдонæн. Чеджемты Тамерлан дæр 16-аздзыдæй бахаудта теракты. Скъолайы спортзалæй рацæуын нæ бантыст йæ мад æмæ йе *фсымæрæн. Уыцы хабæрттæ йæ зæрдыл даргæйæ, Тамерлан дарддæр аразы йæ цард.
Уæдæй фæстæмæ Чеджемты Тамерлан йæ гуырæнбон нæ бæрæг кæны. Уæд, 16-аздзыд лæппу æвиппайды æмбаргæ дæр нæ бакодта, цы æрцыдис, уый. Сау маскæты адæм куы фæзындысты, уæд фенхъæлдта, уый цавæрдæр программæ у. Æрмæст цалдæр минуты фæстæ бамбæрста, террористтæ кæй æрбабырстой, уый. Скъолайы спортивон залæй рацæуын кæй бантысдзæн, уый æнхъæл нал уыдысты адæм, дзуры Тамерлан.
Чеджемты Тамерлан: «Фыццаг срæмыгъд куы уыд, уæд хъусгæ дæр ницы кодтам. Куыд рахызтæн скъолайæ, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Рудзынгæй рагæпп кодтон. Æфсæддонтæ мæ къухæй къухмæ лæвæрдтой. Афтæмæй æмбаргæ дæр нæ бакодтон, куыд уыдис, цы уыдис. Иу цалдæр боны хъусгæ дæр нæ кодтон хъусæй».
Уымæй размæ ма, 99-æм азы Тамерланæн фæмард йæ фыд. Святослав куыста Рахизфарсы районы пъæлицæйы хайады. Уыд хицауы хæдивæг. Йæ хæс æххæстгæнгæйæ фæмард фыдракæндджыты аххосæй. Тамерлан нырма уæд снысан кодта, йæ фыды хъуыддаг кæй ахæццæ кæндзæн, уый. Скъолайы фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд, Ростовы мидхъуыддæгты министрады юридикон институтмæ. Ныр 5 азы кусы барадхъахъхъæнæг оргæнты. Абон у хистæр лейтенант. Службæ кæны Рахизфарсы районы уголовон агуырды хайады. Йæ разамынд ыл стыр ныфсытæ æвæры.
Дулаты Ибрагим, Рахизфарсы районы пъæлицæйы хайады хицау: «Йæхи куысты æвдисы сæрæн лæппуйæ, суинаг лæппуйæ. Йæ размæ йын хæс куы сæвæрай, уæд бацархайдзæн, цы хъæуы, уый скæндзæн. Царды мидæг дæр, æмбæлтты *хсæн дзы кад ис. Дарддæр ма мидхъуыддæгты куысты йæхи кæй равдисдзæн, уый æз зонын».
Ныртæккæ Тамерлан йæхæдæг дæр у бинонты сæргълæууæг. Хъомыл кæны чызг æмæ лæппуйы. Йæ фыды фыд Ибрагим куыд зæгъы, афтæмæй абон уыдон сты йæ царды стырдæр циндзинад.
Чеджемты Ибрагим: «Суанг талынгмæ фæвæййы нæхимæ, иннæйы дæр ныккæнынц, стæй йæ фæстæмæ ракæнынц. Адон ардæм рацыдысты, мах ардæм. Фæлæ нæм цæуынц, афтæ».
2004-æм азы теракт Чеджемты бинонтæн бирæ зындзинæдтæ бавзарын кодта. Скъолайы спортзалы баззадысты Тамерланы мад Лемæ æмæ йе *рвад Зелим. Лæппуйы фыдæн æмæ нанайæн уыцы зындзинæдтæн бафæразын сæ бон не сси. Чеджемты бинонтæн сæ хиуæттæ æрвылбон дæр сæ хъуыдыты сты. Фæнды сæ, цæмæй Тамерланы фыд Святославы хъæбатырдзинад рох ма уа Беслæны цæрджытæй дæр. Афтæмæй архайынц, цæмæй горæты уынгтæй иу хæсса йæ ном.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania