27 августа 2014, 11:07
Ахуырады кусджыты августы конференци уыдзæн абон Ирон театры
Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæн сæ 7% 2014-æм азы иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ радтой. Уымæ гæсгæ сын аттестаттæ лæвæрд не рцыдысты.
Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæн сæ 7% 2014-æм азы иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ, куыд æмбæлы, афтæ нæ радтой. Уымæ гæсгæ сын аттестаттæ лæвæрд не рцыдысты.
Уый тыххæй абон фехъусын кодтой ахуыргæнджыты æрвылазон августы конференцийы. Амыдтой йæ РЦИ-Аланийы парламенты спикер Алексей Мачнев, республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Челæхсаты Рустем, æмæ ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан. Республикæйы Парламенты сæрдар йæ доклады æрныхас кодта ахуыргæнджыты мыздыл. Огъуаты Алан куыд загъта, афтæмæй ахуырады æмæ наукæйы министрад йæхи цæттæ кæны республикæйы скъолатæ ног стандарттæм раивынмæ. Уымæй уæлдай скъоладзауты тесттытæм гæсгæ фæлварæнты æрцæудзысты ивддзинæдтæ. Ныридæгæн «Роспотребнадзор»-ы специалисттимæ сбæлвырд кодтой аттестацийы фæтк. Алексей Мачнев æмæ Огъуаты Алан ма æркастысты, конференцимæ кæй бацæттæ кодтой, уыцы стендтæм. Экспозицийы равæрдтой ахуыргæнæн ног чингуытæ, сывæллæтты куыстытæ робототехникæйæ, машинæтыл цæуынæн кусæнгæрзтæ, информацион системæ «электрон боныджы» стенд…
темæмæ гæсгæ