филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:27 воскресенье, 29 сентября 2024
27 августа 2014, 11:13
Æвзонг æрхъуыдыгæнæг Дыгурæй Дзугаты Алан йæхи къухтæй аразы æнахуыр хæдтæхæгтæ æмæ машинатæ

Æрмдæснытæ æмæ курдиатджын фæсивæд Ирыстоны бирæ ис. Чи йæхи аивады алы хуызты фæлвары, чи техникон ногдзиндтæ хъуыды кæны.

73921
Æрмдæснытæ æмæ курдиатджын фæсивæд Ирыстоны бирæ ис. Чи йæхи аивады алы хуызты фæлвары, чи техникон ногдзиндтæ хъуыды кæны. Дигорайы цæрæг Дзугаты Аланы та бафæндыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты номыл исты хорздзинад саразын. Æрхъуыды кодта æмæ цыбыр рæстæгмæ сарæзта хæдтæхæг æмæ æнахуыр машинæ.
Ацы машинæ фæндагыл чи фена, уымæй тагъд нæ ферох уыдзæн. Дисы æфтауы йæ кондæй дæр, йæ хуызæй дæр.
Цалдæр мæйы размæ дæр ма Дигорайы цæрæг Дзугаты Алан æнхъæл нæ уыд йæ къухы ахæм æнтыстдзинад бафтдзæн, уый. Уæвгæ йæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыны номыл исты хорздзинад скæнын рагæй фæндыд. Афтæ рауад æмæ æрхъуыды кодта стæй цыбыр рæстæгмæ, 2-3 мæймæ, сарæзта хæдтæхæг æмæ æнахуыр машинæ.
Хæдахуыр конструктор-архъуыдыгæнæг йæ ног машинæтæ арæзта, цæуыл хæст кодта, уымæй. Суанг ма йын йæ нана дæр æххуыс кодта. Афтæ иумæ сфидар кодтой машинæйы мотор æмæ йæ иннæ кусæнрæгзтæ.
Иу ахæмы, фæндаджы фарс йæ машинæимæ куыд архайдта, афтæ базонгæ цæцæйнаг лæппу Тимуримæ. Цымыдисаг хъуыддаг сæ баиу кодта æмæ уæд фæлымæн сты. Ныр та сæ кæрæдзийы хонынц кæнгæ æфсымæртæ.
Ныртæккæ лæппутæ машинæ цæттæ кæнынц Дзæуджыхъæуæй – Грознамæ машинæтыл дугъмæ «Братсво народов Кавказа не знает границ».
Алан ма фæнд кæны Дигорайы саразын гом арвы бын музей. Уым уыдзæн йæ хæдтæхæг дæр.
Аланыл кæд 25 азы йеддæмæ нæ цæуы, уæддæр машинæтыл дугъы девиз «Братсво народов Кавказа не знает границ» арф æнкъары. Йæ машинæ куыд сахуырста, уый хуымæтæджы нæу. Ирыстоны ивгъуыд царды, ныры дуджы нывтæ æмæ фидæнмæ бæллицтæ дзы ирдæй зынынц.
Абон йæхæдæг хистæрты ном хъуыдыгæнгæйæ, кад сын кæнгæйæ, æмæ сæ номыл хорз хъуыддæгтæ аразгæйæ – рæзгæ фæлтæрæн хæссы дæнцæгтæ. Æфсымæрон бастдзинæдтæ та кæны фидардæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania