филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:26 воскресенье, 29 сентября 2024
28 августа 2014, 11:34
Дыргътæ æмæ халсартæ фæзынаргъдæр сты

Къуырийы размæ республикæйы фæзынаргъдæр сты хойрæгтæ. Цæгат Ирыстоны экономикæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй дзидзайы, æхсыры продуктты, иуæй иу дыргъты æмæ халсарты æргътыл бирæ нæ бафтыди.

73945
Къуырийы размæ республикæйы фæзынаргъдæр сты хойрæгтæ. Цæгат Ирыстоны экономикæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй дзидзайы, æхсыры продуктты, иуæй иу дыргъты æмæ халсарты æргътыл бирæ нæ бафтыди. Ацы хъуыддаг тынгдæр фæзынд фæсарæйнаг продукттыл. Уæйгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, уымæн ис бæлвырд аххосæгтæ.
40 сомы джитъриты килæйæн, 60 сомы памидорты аргъ. Алтъамиты аргъ та схызт 120 соммæ. Хойрæгты аргъ кæй фæбæрзонддæр, уый горæты цæрджытæ банкъардтой къуырийы размæ. Екатерина Елизарова цæры «Алан»-ы базары цур æмæ арæх æлхæнынмæ æрбацæуы ардæм.
Екатерина Елизаврова, æлхæнæг: «Фæззæг æрхæццæ кæны æмæ æргътæ асламдæр хъуамæ кæной, афтæмæй та уавæр æндæрхуызон у. Дыргътæ æмæ халсартæ, æхсыры продукттæ фæзынаргъдæр сты 20 сомы бæрц. Къуырийы размæ дæр ма харбыз 15 сомæй балхæдтон, ныр та 20 сомы кæны».
Уавæр æцæгæй дæр аивта. Харбызы килæ у 18-20 сомы, несийы та – 45-50 сомы. Уæйгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы дыргътæ фæзынаргъ сты, сæхæдæг сæ кæм æлхæнынц, уыцы базæты. Тæвд бонтæ бирæ кæй уыд, уый аххосæй Мæздæджы районы æмæ Стъараполы крайы харбызты æмæ неситы тыллæджы фылдæр хай фесæфт.
Чертыхъоты Джумбер, уæйгæнæг: «Стъараполы крайæ сæ æрбаластон, æмæ дзы гыццыл ис, хур быдыртæ басыгъта, æмæ аргъ фæбæрзонддæр кодтой. 10-13 сомы онг».
Уыимæ ма харбызтæ æмæ неситæ æрбаласынц Волгоградæй æмæ Астраханæй. Афтæмæй машинæтæ артаг фылдæр хардз кæнынц. Æмæ уый дæр фæзыны дыргъты аргъыл. Дыууæ хатты фæзынаргъдæр ис къозоты аргъ дæр. Бирæгай сæ куы æлхæнай, уæд сæ килæ уыд 95 сомы, ныр та схызт 180 соммæ. Ныры онг Уæрæсе 80% онг къозотæй æххæст кодта Польшæ. Фæлæ сæ нал ласдзысты æмæ уымæ гæсгæ сæ аргъд дæр схызтис. Ныр нæ республикæмæ къозотæ æрвитдзысты Стъараполы æмæ Краснодары крайтæй, стæй Ростовы облæстæй.
Къуырийы иу лимон балхæнæн уыд 25 сомæй. Ныр йæ аргъ схызт 50 сомы онг. Уæйгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй дыргъ фæсарæйнаг кæй у, æмæ нæм импорт къаддæр кæй ласын кæй райдыдтой, уый тыххæй æргътæ дæр бæрзонддæр кæны.
Хойрæгты æргъты уавæр бæрæг кæны республикæйы экономикæйы министрад дæр. 18-æм августæй фæстæмæ ведомствойы специалисттæ администрацийы кусджытимæ горæты стыр дуканиты æмæ базарты кæнынц мониторинг. Номхыгъды ис 40 хойраджы – дзидза, æхсыры продукттæ, дзул, цавæрдæр дыргътæ æмæ халсартæ æмæ æндæртæ. Уыдоны æргътæ сисæн нæй, уымæн бæлвырд аххосæгтæ куы нæ уа, уæд.
Фылдæр фæбæрзонддæр сты импортон продукцийы æргътæ. Хойрæгтæ бирæгæйттæй чи уæй кæны, уыдон æмбарын кæнынц – ныртæккæ сæ æндæр фæсарæйнаг фирмæтимæ ног бадзырдтæ кæнын кæй хъæуы æмæ уымæ гæсгæ ныртæккæ фæсарæйнаг хойрæгтæ республикæйы бирæ нæй, уый тыххæй сты зынаргъ. Мониторинг кæны республикæйы монополиты ныхмæ службæ дæр. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æргъты фæтк паддзахад нæ амоны. Фæлæ кæд ацы хъуыддаджы æнæзакъон митæ ис, уæд уыдон сбæрæг кæныныл специалисттæ бацархайдзысты.
Уæйгæнджытæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ахæм уавæр ахæсдзæн иу мæйы бæрц. Ног фирмæтимæ æмгуыстад куы банывыл уа, уæд æргътæ хъуамæ фæстæмæ æрхауой.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania