филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:26 воскресенье, 29 сентября 2024
28 августа 2014, 17:19
Абон уыд терроризмы ныхмæ арæзт республикон къамисы æмæ оперативон штабы иумæйаг æмбырд

Уым республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз рахаста фæндон ахуыры азы райдиан скъолатæ хъахъхъæныны хæс бабар кæнын адæмон дружинæтæн дæр.

73948
Уым республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз рахаста фæндон ахуыры азы райдиан скъолатæ хъахъхъæныны хæс бабар кæнын адæмон дружинæтæн дæр.
Ноджы ма бадомдта районты разамонджытæй, цæмæй æххуыс кæной тыхы структурæтæн. «Уæ бон цас у, уымæй фылдæр фадæттæ саразын хъæуы, цæмæй ахуыры аз ацæуа æдасæй», загъта республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз.
Æмбырды ма раныхас кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы 189 скъолайы сты цæттæ. Фæлæ лæмæгъ у хъахъхъæнæн системæ. Æппæт скъолаты нæй видеоцæстдард. Мамсыраты Таймураз бахæс кодта хицауады сæрдар Такъоты Сергейæн ацы фарстамæ йе ргом аздахын.
Æмбырды дзуаппон докладимæ раныхас кодта æнæнхъæлæджы фарстаты министрады разамонæг Александр Хоружий дæр. Æппæт скъолаты скодтой тренировкæтæ, бахъуаджы сахат тæссаг ранæй адæмы ракæныны тыххæй. Районты сæргълæуджытæ фехъусын кодтой 1-æм сентябрьмæ скъолатæ цæттæ кæй сты.
Лыггæнинаг фарста у Сырх-Дыгуры скъола. Ам бæстыхай ныззауат æмæ йæ хъæуы фехалын. Мамсыраты Таймураз загъта, фарста цыбыр рæстæгмæ хъæуы алыг кæнын.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania