01 сентября 2014, 11:09
Беслæны теракты бынаты ныр дыууæ азы арæзт цæуы беслæйнаг ноггуырдты номыл аргъуан
Йе вæрæн æм хæссынц уырнæг адæм. Спортивон зал та сси мемориалон комплекс. Мысынц дзы теракты амæттæгты. Комплексы алыварс сæвæрдтой 103 колоннæйы. Алкæцыйæн дæр йæ дæргъ у 11 метры.
Беслæны теракты бынаты ныр дыууæ азы арæзт цæуы беслæйнаг ноггуырдты номыл аргъуан. Йе вæрæн æм хæссынц уырнæг адæм. Спортивон зал та сси мемориалон комплекс. Мысынц дзы теракты амæттæгты. Комплексы алыварс сæвæрдтой 103 колоннæйы. Алкæцыйæн дæр йæ дæргъ у 11 метры. Арæзтады министрады сæйраг управленийы директор Цопанаты Олег куыд радзырдта, афтæмæй организацион комитетæн разамынд дæтты Базраты Валентин. Æмгуыстад кодтой фæлтæрдджын немыцаг архитектурон фирмæимæ.
Мемориалон комплексы арæзтадыл уал схардз кодтой 100 милуан сомы.
темæмæ гæсгæ