01 сентября 2014, 11:24
Зонындзинæдты боны агъоммæ Украинæйæ ралидзæг адæмы Тæмисчъы бабæрæг кодта нæ республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан
Баласта сын скъоладзауты æмæ спортивон уæлæдарæс, хызынтæ æмæ чингуытæ. Сывæллæттæ сыл тынг бацин кодтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын æхсызгон уыдзæн ахæм аив уæлæдарæсы скъоламæ цæуын.
Зонындзинæдты боны агъоммæ Украинæйæ ралидзæг адæмы Тæмисчъы бабæрæг кодта нæ республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан. Баласта сын скъоладзауты æмæ спортивон уæлæдарæс, хызынтæ æмæ чингуытæ. Сывæллæттæ сыл тынг бацин кодтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын æхсызгон уыдзæн ахæм аив уæлæдарæсы скъоламæ цæуын. Ацы акци арæзт æрцыд фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты, ахуырады æмæ наукæйы, стæй культурæйы министрадты хъæппæрисæй. Иумæ æрæмбырд кодтой æхца, æмæ дзы балхæдтой скъолайы æнæмæнг хъæугæ дзаумæттæ. Ахæм лæварыл Украинæйаг сабитæ тынг бацин кодтой. Абон иууылдæр ахуыр кæнын райдайдзысты Алагиры районы скъолаты.
темæмæ гæсгæ