01 сентября 2014, 11:27
Украинæйæ ралидзæг адæмы Тæмисчъы бабæрæг кодтой уазджытæ Эстонийæ æмæ Америкæйæ
Сты организаци «Гом арвы»-йы минæвæрттæ. Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты, зын уавæры чи бахауд, уыцы лыгъд адæмы фарсмæ æрбалæууынмæ, фæлмæн ныхасæй æмæ сын хъуыддагæй баххуыс кæнынмæ. Уазджытæ семæ æрбаластой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уæлдай æхсызгондæр та рауад сæ концерт. Æфхæрд адæм, сæ цæссыгтæ нæ уромгæйæ, загътой бузныг, ахæм аудындзинады тыххæй.
Украинæйæ ралидзæг адæмы Тæмисчъы бабæрæг кодтой уазджытæ Эстонийæ æмæ Америкæйæ. Сты организаци «Гом арвы»-йы минæвæрттæ. Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты, зын уавæры чи бахауд, уыцы лыгъд адæмы фарсмæ æрбалæууынмæ, фæлмæн ныхасæй æмæ сын хъуыддагæй баххуыс кæнынмæ. Уазджытæ семæ æрбаластой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уæлдай æхсызгондæр та рауад сæ концерт. Æфхæрд адæм, сæ цæссыгтæ нæ уромгæйæ, загътой бузныг, ахæм аудындзинады тыххæй. Организацийы разамонæг Владимир Миняков куыд загъта, афтæмæй се ппæт разы не сты Европæ æмæ Америкæйы политикæимæ. Кæд ныртæккæ америкæйаг у, уæддæр раздæрау йæ адæмыл нымайы уæрæсейæгты.
темæмæ гæсгæ