01 сентября 2014, 11:30
Мæздæджы районы скъоладзаутæ математикæйæ Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæны хатдзæгтæм гæсгæ нæ республикæйы разындысты хуыздæртæ
Уырыссаг æвзагæй та сты дыккаг бынаты. Уый фæдыл районы ахуыргæнджытæн раарфæ кодта ахуырады Управленийы хицау Неля Гаспарянц. Ацы æмæ æндæр фарстатыл æрныхас кодтой ахуыргæнджыты августы конференцийы. Ныхас ма цыд ног ахуыры азы райдайæныл дæр.
Мæздæджы районы скъоладзаутæ математикæйæ Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæны хатдзæгтæм гæсгæ нæ республикæйы разындысты хуыздæртæ. Уырыссаг æвзагæй та сты дыккаг бынаты. Уый фæдыл районы ахуыргæнджытæн раарфæ кодта ахуырады Управленийы хицау Неля Гаспарянц. Ацы æмæ æндæр фарстатыл æрныхас кодтой ахуыргæнджыты августы конференцийы. Ныхас ма цыд ног ахуыры азы райдайæныл дæр. Зæгъæм, ныртæккæ Мæздæджы районы скъолаты нæ фаг кæны ахуыргæнджытæ. Уыцы хъуыддаг сраст кæныныл хъæуы æвæстиатæй бакусын. Уымæй дарддæр стыр æргом аздæхтой скъоладзауты сæрмагонд уæлæдарæсы фарстамæ, алыхуызон секциты æмæ сфæлдыстадон къордты куыстмæ. Конференцийы архайдтой ныййарджыты комитеты уæнгтæ дæр.
темæмæ гæсгæ