10 азы размæ теракты рæстæг уал адæймаджы фæмард.Сæ ном ссарынмæ æмæ сæ номыл цырæгътæ ссудзынмæ скъолайы кæртмæ æрбацыдысты сæдæгай адæймæгтæ куыд республикæйы цæрджытæ, афтæ уазджытæ дæр. Иу дæр дзы йæ цæссыг нæ урæдта.

«Махæй ацы цаутæ никуы ферох уыдзысты» – зæгъынц æрбацæуджытæ.
Æлбегаты Казетæ: «Цырæгътæ кæй ссудзынц, уый мæнмæ гæсгæ хорз хъуыддаг у. Цас фæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр ам чи фæмард, уыдон рох никуы уыдзысты. Фæлæ сын сæ ном арын хъæуы. Рæсугъд хъуыддаг у. кæстæртæ дзы кæй архайынц, уый та ууыл дзурæг у æмæ фидæны дæр кусдзысты ууыл, цæмæй ахæм фыдбæллæхтæ мауал æрцæуа».