филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:24 воскресенье, 29 сентября 2024
02 сентября 2014, 17:25
Йе хца «Арт-банч»-ы кæмæн уыдысты, уыцы адæмæн сæ знонæй фæстæмæ дæттын райдыдтой

Банк-агентæй нысангонд æрцыд «Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банк». Республикæйы цæрджытæй «Арт-банч»-ы 700 000 сомы онг кæмæн уыд, уыдонæн сæ сæ бон райсын уыдзæн 6 мæйы дæргъы.

74041
Банк-агентæй нысангонд æрцыд «Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банк».
Республикæйы цæрджытæй «Арт-банч»-ы 700 000 сомы онг кæмæн уыд, уыдонæн сæ сæ бон райсын уыдзæн 6 мæйы дæргъы. Бахъуаджы рæстæг æхца дæттыны æмгъуыд фæдæргъвæтиндæр кæндзысты. «Уæрæсейы хъæууонхæдзарадон банчы» регионалон хайадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй æрмæст фыццаг бон адæмæн радтой 56 млн сомы. Æдæппæтæй та сын хъуамæ бафидон 535 млн сомы.
Адæмæн сæ бон у «Хъæууонхæдзарадон банчы» æппæт офистæм дæр бацæуын, уыимæ куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы районты дæр. Æхца радтын кæмæн хъæуы, уыдон та сты 4 000 адæймаджы.
 
Дзгойты Константин: «Раздæр мæнæн ме хцатæ уыдысты æндæр банчы. Фæлæ ардæм куы æрбацыдтæн, куы федтон ам куыд кусынц, уæд сыл баууæндыдтæн. Æмæ ме хцатæ раивтон ардæм. Куыд мæмæ кæсы, уырнæн ис ам чи кусы, уыдоныл».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania