филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:25 воскресенье, 06 октября 2024
03 сентября 2014, 11:16
Æдзард сывæллæтты æмæ æнæаххосæй чи фæмард, уыдоны мысгæйæ Беслæны культурæйы галуаны арæзт æрцыд концерт-реквием

Ацы 3 саударæн боны республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ алыхуызон мысæн мадзæлтты ссардтой 2004-æм азы террористон акты амæттæгты. Концерты архайдтой Беслæны бæллæх йæ зæрдæмæ арф чи айста, уыцы адæм.

74059
Æдзард сывæллæтты æмæ æнæаххосæй чи фæмард, уыдоны мысгæйæ Беслæны культурæйы галуаны арæзт æрцыд концерт-реквием. Ацы 3 саударæн боны республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ алыхуызон мысæн мадзæлтты ссардтой 2004-æм азы террористон акты амæттæгты. Концерты архайдтой Беслæны бæллæх йæ зæрдæмæ арф чи айста, уыцы адæм. Байгом æй кодта аивæдты лицейы сывæллæтты хор Дзанайты Ольгæйы разамындæй. Ацы æвирхъау цауы тыххæй зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæ бирæтæ ныффыстой. Уыдонимæ зарæггæнæг Роман Разум, Алексей Шабунин æмæ иннæтæ. Беслæнмæ ссыдысты Уæрæсейы алы рæттæй. Концерты ма архайдта Оренбурджы сывæллæтты теарталон студийы хъомылгæнинæгтæ дæр. Уыдонимæ иумæ концерты архайдтой нæ республикæйы зарæггæнджытæ æмæ æхсæнадон архайджытæ. Залы цы адæм бадт, уыдонæй бирæтæ сæ цæссыг нæ урæдтой.

Знон ма фыццæгæм скъолайы кæрты ногæй ссыгътой 334 цырагъы. Адæм цыдысты æдзæмæй алæууынмæ, теракты амæттæгты æрымысынмæ. Абон та изæры фараст сахатыл скъолайы кæрты равдисдзысты Беслæныл ист кинонывтæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania