филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:22 воскресенье, 06 октября 2024
03 сентября 2014, 16:54
Абон фыццæгæм скъолайы спортивон залы Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг епархийы минæвæрттæ сарæзтой номарæн аргъуыд

Мысæн æмæ хъыггæнæн бонтæ. Фыццæгæмæй – æртыккæгæм сентябры онг Цæгат Ирыстоны цæуынц саударæн мадзæлттæ. Баст сты, Беслæны терактæй 10 азы кæй рацыд, уыимæ.

74071
Мысæн æмæ хъыггæнæн бонтæ. Фыццæгæмæй – æртыккæгæм сентябры онг Цæгат Ирыстоны цæуынц саударæн мадзæлттæ. Баст сты, Беслæны терактæй 10 азы кæй рацыд, уыимæ. Дæс азы размæ æртындæс сахаты æмæ фондз минутыл фыццæгæм скъолайы спортивон залы æрцыд фыццаг срæмыгъд. Абон уыцы бынаты Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг епархийы минæвæрттæ сарæзтой номарæн аргъуыд. Кæрты зæлы æрхæндæг музыкæ, фыдбылызы бынатмæ цæуынц мингай адæм. Хæссынц дидинджытæ æмæ дон, судзынц цырæгътæ.
Аргъуд, чи фæмард, уыдоны ном ссарынæн. Ныр 10 азы Беслæны 1-æм скъолайы канд дины кусджытæ нæ, хуымæтæг адæм курынц Хуыцауæй, цæмæй, цардæй чи нæ бафсæст, уыцы сабиты, сæ ныййарджыты, ахуыргæнджыты сыгъдæг удтæ се `цæг дунейы сæ бынат ссарой.
Æнæаххосæй чи фæмард, уыцы сабиты, сæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты ном ссарынæн арæзт æрцыд номарæн литургия. Спортивон залы службæ скодтой ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл.
Адæм скъоламæ хæссынц дидинджытæ, стæй сæ царды фæстаг бонты чысыл сабитæ кæмæй нæ бафсæстысты, уыцы дон. Сæ хæстæджыты чи фесæфта, уыдонæн, кæд азтæ рацыд, уæддæр тынг зын у, уыцы цаутыл хъуыды кæнын. 2004-æм азы сентябры 3 судзгæ боны та цыма ногæй æрлæууыдысты, афтæ нæм фæкæсы, зæгъы Хуыцъистаты Светланæ. Уымæн дæр террористты аххосæй фæмард йæ иунæг фырт. Хуыцъистаты Азæмæтæн баззад 5-аздзыд чызг Дианæ.
Хуыцъистаты Светланæ: «Нæ рыст уæлдай зындæр уымæй у, æмæ махыл цы бæллæх æрцыд, уый фæстаг бæллæх нæу. Дунейы бæстæты цас рыст цæуы, уый нын махæн тынг зын у. сывæллæттæ сæфынц, алы ран, æндæр паддзахадты, Украинæйы дæр. Нæ зындзинад адæм куы нал феной, æмæ сæ хъæбулты хурæй зæрдæрухст куыд уой, уыцы амонд сæ уæд зæххы къорийы адæмы».
2004-æм азы террористон акт нымад æрцыд Беслæны историйы æппæтæй карздæр цауыл. Цардбæллон сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ «Альфа»-йы æмæ «Вымпел»-ы æфсæддонтæ. Зæрдæхалæн теракт ахаста сæдæгай адæмы цардтæ.
13 сахаты æмæ 5 минутыл скъолайы кæрты азæлд дыууæ дзæнгæрæджы. Уæд, 10 азы размæ спортивон залы уыд фыццаг срæмыгъд. Адæм иу минут æдзæмæй алæууыдысты æмæ скъоладзаутæ уæларвмæ суагътой 334 урс шары. Уал адæймагæн сæ бон нæ баци Беслæны фыццæгæм скъолайы спортивон залæй рацæуын. Уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ. Абон дæр сæ рухс нæмттæ рох не сты æмæ æнустæм цæрдзысты адæмы зæрдæты.
Саударæн мадзæлттæ уыдысты мемориалон уæлмæрды дæр. Террористон акты амæттæгты нæмттæ бакастысты метрономы цыдимæ. Ам дæр уæларвмæ стахт урс шартæ – 2004-æм азы чи фæмард, уыдоны удты сыгъдæгдзинады нысан. Ингæнтæ æмæ номарæн цыртдзæвæн дидинджытæй нал зындысты.
Гугкаты Иринæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania