филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:29 воскресенье, 06 октября 2024
04 сентября 2014, 11:14
2005-æм азы Францийы арæзт æрцыд ассоциаци «Æмуддзинад Беслæны сывæллæттимæ». Архайы сывæллæттæн æххуыс кæныныл

Ацы бонты дæр ассоциацийы минæвæрттæ сты Цæгат Ирыстоны. Организацийы вице-президент Виктория Фаддееффæн Беслæны цæрджытæ систы йæхи бинонтау. Ильинты бинонты хæдзары ассоциаци «Солидарность с детьми Беслана»-йы вице-президент Виктория Фаддееффыл сæмбæлдысты куыд хи бинойнагыл, афтæ. Уæлдай тынгдæр йе `рбацыдмæ æнхъæлмæ кастис Георгий.

74088
Беслæны трагеди сæнкъуысын кодта æппæт дунейы цæрджыты зæрдæтæ. Теракты хъыгдард чи баййæфта, уыцы адæмæн, алы бæстæтæй цыди гуманитарон æххуыс. 2005-æм азы Францийы арæзт æрцыд ассоциаци «Æмуддзинад Беслæны сывæллæттимæ». Йæ президент Анри-Поль Фалавинья абоны онг архайы, сывæллæттæн алывæрсыг æххуыс кæныныл.

Ацы бонты дæр ассоциацийы минæвæрттæ сты Цæгат Ирыстоны. Организацийы вице-президент Виктория Фаддееффæн Беслæны цæрджытæ систы йæхи бинонтау. Ильинты бинонты хæдзары ассоциаци «Солидарность с детьми Беслана»-йы вице-президент Виктория Фаддееффыл сæмбæлдысты куыд хи бинойнагыл, афтæ. Уæлдай тынгдæр йе `рбацыдмæ æнхъæлмæ кастис Георгий.

Виктория Фаддееффимæ бинонтæ базонгæ сты 2008-æм азы. Ассоциацийы уæнгтæ сæ æрбахуыдтой Францимæ. 18 сывæллоны сæ сæргъы, Георгийы мад Хъуысаты Фатимæ, афтæмæй ацыдысты уырдæм. Абон куыд дзуры, афтæмæй сын уыцы балц тынг фæпайда ис. Георгий уыцы уæззау цаутæ бавзарста, 7 азы йыл куы цыдис, уæд. Бирæ рæстæг йæхимæ æрцæуын йæ бон нæ уыдис. Фæлæ Францимæ балцы фæстæ се `ппæт дæр сæхи хуыздæр æнкъарын райдыдтой.

Хъуысаты Фатимæ: «Тынг сбуц кодтой. Сывæллæттæ тынг зæрдæрухсæй æрбацыдысты уыцы балцы фæстæ. Уырдæм куы бацыдыстæм, уæд æндæрхуызон уыдысты, уымæн æмæ сæ бынат дæр аивтой, фæхъæлдзæгдæр сты, хъазгæ дæр кодтой, акодтой-иу сæ Парижмæ дæр».

Уыцы къамтæм кæсгæйæ Виктория номæй-номмæ хъуыды кæны се `ппæт сывæллæтты дæр.

Уæлдай бастдзинад ын ис Ильинты бинонтимæ. Георгийы нымайы йæ фыртыл, Фатимæйы та – йæ кæстæр хойыл. Куыд зæгъы, афтæмæй Францийы куы вæййы, уæд сæ тынг фæмысы.

Виктория Фаддеефф, ассоциаци «Солидарность с детьми Беслана»-йы вице-президент: «Визæ мын куыд цæттæ кодтой, уæд мæ фыны дæр Уæрæсе уыдтон. Кастæн Георгийы æмæ Фатимæйы къамтæм. Лæвæрттæ балхæдтон 3 къуырийы раздæр. 2 къуырийы ма куы хъуыдис мæ балцмæ, уæд мæ хызынтæ цæттæ уыдысты, къуыри ма куы хъуыдис, уæд мæ бон фынæй кæнын дæр нал уыд. Афтæ сæ уарзын».

Беслæны Виктория фæуыдзæн иу къуыри. Йæ ныхæстæм гæсгæ йыл стыр хæс æвæрд ис. Фæнды йæ се `ппæт сывæллæттимæ дæр фембæлын, æмæ сын радтын лæвæрттæ ассоциацийы президент Анри-Поль Фалавиньяйы номæй.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania