филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:30 воскресенье, 06 октября 2024
05 сентября 2014, 10:54
Абон йе 70 азы юбилей бæрæг кæны поэт æмæ драматург, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Кокайты Тотрадз

Райгуырд Тырсыгомы. 1952-æм азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон училищæйы аивадон-графикон хайадмæ. Уым активонæй архайын райдыдта литературон къорды, æмæ бауарзта аив дзырд. Уæд мыхуыры цæуын райдыдтой йæ фыццаг æмдзæвгæтæ.

74105
Абон йе 70 азы юбилей бæрæг кæны поэт æмæ драматург, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Кокайты Тотрадз. Райгуырд Тырсыгомы. 1952-æм азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Скъола каст куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон училищæйы аивадон-графикон хайадмæ. Уым активонæй архайын райдыдта литературон къорды, æмæ бауарзта аив дзырд. Уæд мыхуыры цæуын райдыдтой йæ фыццаг æмдзæвгæтæ. Училищæ каст фæуыны фæстæ Тотрадз ахуыргæнæнгæй кусын райдыдта Хъобаны скъолайы. 1969-æм азы та бацыд Горькийы номыл литературон институтмæ. Фæстæдæр сси телестудийы редактор, рауагъдад «Ир»-ы редактор, журнал «Мах дуджы» бæрнон секретарь, уый фæстæ та чиныгуадзæны сæйраг редактор. Кокайты Тотрадзы æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ: «Гурæнбон», «Нывæтфтыд фæндæгтæ», «Æрвон райсомтæ» æмæ иннæтæ адæмæн систы уарзон. Бирæтыл дзы композитортæ ныффыстой рæсугъд зарджытæ. Кокайты Тотрадз йæ уацмысты æвдисы йе `мдугонты æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania